Цхинвалы æрдзурдзысты Женевæйы дискусситы мандатыл
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ’хсæн арæны тыххæй бындуронæй æрныхас кæнын фæнд кæнынц Цхинвалы. Æмбырды архайдзысты Европæйы Советы æдасдзинады организаци, Иугонд нациты организаци æмæ Европæйы Цæдисы минæвæрттæ. Сæрмагондæй æрдзурдзысты Женевæйы дискусситы мандатыл. Фæскавказы æдасдзинадыл дæр æрныхас кæндзысты. Уый размæ, Женевæйы дикусситы дзырдтой арæны уадзæн пункттæ байгом кæнынæн цы мадзæлттæ саразын хъæуы, ууыл. Уæлдай æргом аздæхтой, гæрзифтонгæй кæй нæ ныббырсдзысты кæрæдзимæ, уый юридикон хуызы ныффидар кæныны хъуыддагмæ. Хуссар Ирыстоны хицауад куыд бæрæг кæны, афтæмæй уадзæн пункттæ байгом кæндзысты гуырдзиаг пъæлицæ йæ пост куы айса, æрмæстдæр уæд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны 'хсæн тæссаг уавæр сæвзæрд ивгъуыд аз, августы кæрон, Цънелисы хъæумæ ввахс гуырдзиаг пъæлицæ пост аразын куы райдыдта, уæд. Хуссар Ирыстойнаг минæварад тæссаг цаутæ рагацау иуварс кæныны æмбырды рæстæг 29-æм августы бадомдта уыцы блокпост айсын, фæлæ уыдон не*сразы сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цхинвалы æрдзурдзысты Женевæйы дискусситы мандатыл
Категория:
Новости и СМИ