Кадджын юбилей
Цыколайы 1-æм скъола хъуыстгонд у йæ зындгонд рауагъдонтæй. Спорты, наукæйы, культурæйы, суанг ма политикæйы къабазы номдзыд кусджытæ рауагъта ацы ахуыргæнæндон. Рауагъдонтæ дæр сæ дыккаг хæдзар рох нæ кæнынц. Ныр дæр та саккаг кодтой скъолайы юбилеймæ. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз ныртæккæ скъолайы кадджын уазæг вæййы. Кæддæр та йæ иннæ сывæллæттимæ каст фæцис. Абон дæр ма скъолайы къæсæрæй куы бахизы, уæд йæхи ахуырдзауæй фенкъары. Йæ цæстытыл ауайы йæ къласы `ддаг бакаст. Уæд бынтон æндæрхуызон уыд. Йæ скъолайы азтæ мысгæйæ йæ зæрдæйы цины æнкъарæнтæ фæзынынц. Уæдæ дзы йæ ахуыргæнджытæ дæр рох не сты. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, скъолайы адæймаг йæ миддунейæн бындур сæвæры. Хицауады сæрдар æй иттæг хорз бæрæггæнтыл каст фæцис. Йæхæдæг афтæ загъта. Спорты дæр, дам, раззагдæрты `хсæн уыдтæн. Афтæ - пионертæ æмæ фæскомцæдисонты рæнхъыты дæр. Алы ран дæр йæхиуыл куыста. Цыколайы 1-æм скъола канд Тускъаты Таймуразы номæй хъуыстгонд нæу. Бирæ номдзыд адæм дзы рацыд. Наукæйы, культурæйы зындгонд кусджытæ æмæ политиктæ. Скъолайы сæ алкæд хъуыды кæнынц. Нымайынц сæ. Сæрыстыр сты сæ рауагъдонтæй. Юбилейы фæдыл арфæтæ ракæнынмæ скъоламæ æрбацыдысты раздæры ахуырдзаутæ æмæ йæ раздæры ахуыргæнджытæ. Юбилеймæ уазджытæ æрбацыдысты лæвæрттимæ. Саккаг сын кодтой музыкалон аппаратурæ. Битарты Вячеславы хъæппæрисмæ гæсгæ та ахуыргæнджыты схæорзæхджын кодтой кадджын нæмттæ æмæ арфæйы фыстæджытæй. Сæрмагонд лæвар ма сын ракодта сенатор Фадзайты Арсен. Уый дæр ацы скъола фæцис каст. «Иннæ азы 9-æм маймæ, Уæлахизы бæрæгбонмæ нæ фæнды скъолайы 15 ахуырдзауы Мæскуымæ ахонын», — УФ-йы Федерацийы Советы Уæнг Фадзайты Арсен. Кæддæр Цыколайы фыццæгæм скъола æгас районы уыдис иунæг. Хъæуы цæрджыты йæ 1928 азы сæхи хъарутæй самадтой. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг та дзы уыд немыцæгты лагерь. Скъола бирæ зындзинæдтæ федта, фæлæ уæддæр нæ фæцудыдта. Кæддæр дзы уыд æрмæст иунæг корпус. 2014 азы йæ бындуронæй сцалцæг кодтой. Ныр йæ бæстыхæйттæ баисты 2. Ахуыр та дзы кæнынц 270 скъоладзауы. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, скъолайыл 90 азы кæй цæуы, уый дæр сæ нæ уырны. Ацы ахуыргæнæдон чи амадта, уыдон æгас нал сты. Фæлæ сæ иууылдæр хъуыды кæнынц. Алчидæр сæ бузныг у, йæ къæсæрыл абон дæр сæдæгай скъоладзауы кæй ахизы, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кадджын юбилей
Категория:
Новости и СМИ