Джызæлы ивынц дондзæуæн хæтæлтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Джызæлы адæм тагъд рæстæг нуазыны донæй æххæст уыдзысты. Бæлвырддæр дзургæйæ та афтæ: дондзæуæн хæтæлтæ ивынц Торчынты æмæ Мамсыраты æфсымæрты номыл уынгты. Доны ног хæтæлты дæргъ у 2 км мæ `рдæг. Куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны бацыдысты. Кæнынц сæ, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм технологитæм гæсгæ. Уæдæ æрмæджытæ дæр афтæ. Арæзтадон компанийы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, ног хæтæлы дон ауадзынмæ бирæ нал баззад. Куыстытæ ам цæуынц иу мæйæ фылдæр. Фæлæ арæзтадон компанийæн уыцы рæстæгмæ бирæ бантыст. Джызæлы, Торчынты æмæ Мамсыраты æфсымæрты номыл уынгтæн зынгæ фенцондæр уыдзæн. 200 хæдзармæ фылдæр ныр дон кæлдзæн куыд æмбæлы, афтæ. Ифтонг кæнынц ног дондзæуæн хæтæл. Хъуыддаг фæрæстмæ ис Горæтгæрон районы æмæ нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрады фæрцы. Куыстытæ бакодтой сæ бæрны. Æмбæлгæ кусæнгæрзтæй фæкаст Джызæлы администраци. Ног хæтæл уавæр хорзы рдæм аивдзæн æрмæст ацы 2 уынджы цæрджытæн нæ, фæлæ ма сыхаг уынгты дæр. Зæгъæм, доны цыд фæхуыздæр уыдзæн Коцойы фырты æмæ Барбашовы номыл уынгты. «Хъуыддаг уый ууыл у, æмæ 22 азы дæргъы цæрджыты кæцыдæр хаймæ дон куыд æмбæлы, афтæ нæ цыд. Нæ куыстуат ныртæккæ бæстонæй куысы. Цæрджытæ цин кæнынц. Куыстытæ цыдысты 2 мæймæ ввахс. Доны хæтæлы дæргъ у 2 æмæ æрдæг километры. Объектыл алы бон архайæм», - куыстуат «Архонские групповые водопроводы»-йы зæгъгæ кусæг Абайты Хетæг. Ныридæгæн куыстытæй баззад доны æлхъывдад чи бæрæг кæндзæн, ахæм кусæнгарз сифтонг кæнын. Ацы бонты йæ куыст райдадзæн. Уæд бæрнон организацийæн йæ бон уыдзæн афæдзмæ, доны æлхъывдад куыд хъæуы, уыцы æмвæзадыл сæвæрын. Уый руаджы, хæтæлтæн атонынæй тæссаг нæ уыдзæн. Бирæ азты бынæттон цæрджытæн пайда хæсдзысты. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Джызæлы ивынц дондзæуæн хæтæлтæ

Категория:

Новости и СМИ