Æппæты хуыздæртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

64 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

64 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

64 просмотра

8 лет назад

Æнæкæмерцион куыстуæттæн æххуысы Паддзахадон ГРАНТты системæ 2006-æм азæй æххæстгонд цæуы. Се ппæтæй ахадгæдæрыл нымад у — Президенты фонды грантыты конкурс. Ацы аз дзы æнтысджынæй сæхи равдыстой мин æмæ рдæг адæймагæй фылдæр. Се схæн цæгатирыстойнæгтæ дæр: хæрзаудæн фонд «Быть добру», сфæлдыстадон æрмадз «Портал» æмæ «Республикæйы æрыгон ахуыргæндты ассоциаци». Кæрдæгыл æрыскъæф, мигæнæнты сагъд настæ зæххæй сзындысты, мæнæргъытæ æмæ алтъамиты алыхуызон мыггаг. Ай дыргъдон нæу, фæлæ Порталы æрмадз. Сфæлдыстадон къордыл цæуы æртæ азæй фылдæр. Ам алкæмæн дæр ис фадат аивадон куыст кæнынæн. «Абон æрбацыдтæн дыккаг хатт, фыццаг уындæй дæр сфæлдыстадон лаборатори мæ зæрдæмæ фæцыд. Стыр æнкъарæнты ахæсты бахаудтæн, нывгæнæн уатмæ куы бахаудтæн уæд. Ис дзы ныв кæнын цы дæ фæнды уый», — Мария Баташова. Тогойты Альберт — аивадон артдзæсты бындурæвæрæг. Къорд азы архайы форумты æмæ æвдисы йæ проекттæ. 2017 азы сфæнд кодта райсын президенты грант, фæлæ йын йæ проекты ссардтой рæдыдтытæ. Ацы аз хъуыддагмæ бавнæдта бæстонæй æмæ йæ командæимæ райста 1 милуан сомæй фылдæр грант. Æхцайы фæрæзтæй сфæлдыстадон хъуыдытæ цард фендзысты. Портал ма у бынæттон æрмдæсныты армукъа дæр. Сæхи схуыдтой HIKOND. Уыимæ порталы фæцæуынц лекцитæ, саразынц æрмадзтæ æмæ арт-объектты равдыстытæ. Пайда ма хæссынц æндæр æхсæнадон организацитæ, дæр. Зæгъæм, фонд «Быть Добру» рагæй йæхицæн скодта ном куыд Цæгат Ирыстоны сæйраг хæрзаудæн организаци. Сæ форум «Æнæ арæнтæй» зонгæ у бирæтæн. Йе нæнæиздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы фæсивæд æрбацæуынц Цæгат Кавказы алы регионтæй. Ахуыр сæ фæкæнынц гранттæ райсынæн проекттæ аразын. «Хæрзаудæн архайд махæн куыст нæу, уый у нæ цард. Адæм дæр æй æмбарынц. Цы грант райстам ууыл бакусын нымайæм стыр хæсыл. Фыццаг хатт нын кæд нæ бантыст, уæд ныр нæ къухты бафтыд», — хæрзаудæн фонд «Быть добру»-ы президент. Милуан æмæ æрдæг ног хъуыддæгтæ саразынæн. Форум канд ахуырадон хъуамæ ма уа, фæлæ ма ныфс дарæм гранттæ дæр дзы кæй дæтдзысты, ууыл. Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у уыцы фæсивæдæн форум у хорз фадат сæ курдиат раргом кæнынæн. «Мах архайæм адæмы æмæ æхсæнады цæстæнгас аивыныл. Ома, йæ цæмæй æмбарой канд хицауд, бæрнон кусджытæ æмæ амалхъомдзинадæн хорз фадæттæ кæй нæй. Алкæмæн дæр бар ис алыхуызон конкурсты æмæ ГРАНТты архайын. Кæд дæ хорзыл банымайой, уæд æхцайы преми дæр рамбулдзынæ. Ныртæккæ граждайнаг æхсæнад ителлектуалон, куыстхъом æмæ алцæмæй æххæст у. Афтæмæй та æхсæнад размæ стыр æмæ уæндон къахдзæвтæ кæны», — Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова. Иу æнæкоммерцион организаци ма «Цæгат Ирыстоны æрыгон ахуыргæндты ассоциаци». Уыдон дæр райстой президенты грант. Æрыгон ахуыргæндтæ, алчидæр, сæхи куысты дæсныйады бакусдзысты ног проекттыл. Æххуыс та сын кæндзысты скъоладзаутæ фæлладуадзæн бонты рæстæг, фæсивæдон лагерь ProjectCamp-ы. Брытъиаты Феликс _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æппæты хуыздæртæ

Категория:

Новости и СМИ