Фæлварæнтæ райдыдтой
Цæгат Ирыстоны райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ рагагъоммæ цæттæгæнæн рæстæг. Æдæппæтæй, æмгъуыдæй раздæр, паддзахадон фæлварæн Цæгат Ирыстоны ратдзысты 228 адæймаджы. Фыццаг уыдис 20-æм мартъийы литературæйæ. Ууыл ныхас цыд кусæг къорды æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Сæйраг предметтæ радтынæн лæвæрд цæуы 7 боны. Аттестацион фæлварæнтæ уыдзысты Дзæуджыхъæуы Гастеллойы уынджы скъола-интернаты. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны фадат ацы уалдзæджы ис, ивгъуыд аз скъолатæ, техникумтæ, лицейтæ æмæ училищæтæ каст чи фæцис, уыцы фæсивæдæн. Æмбырды ма ныхас цыд видеоцæстдарды æмæ электрон тых дæттыны фарстатыл, стæй æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл. Хатдзæгтæ географи æмæ литературæйæ бæрæг уыдзысты 3-æм апрелмæ. Иннæ фæлварæн уыдзæн 22-æм мартъийы. Уæд йæ архайджытæ дæтдзысты уырыссаг æвзаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæлварæнтæ райдыдтой
Категория:
Новости и СМИ