Цæгат Ирыстонимæ баст тематикон поезд абон абалц кодта Мæскуыйы метройы

Цæгат Ирыстонимæ баст тематикон поезд абон абалц кодта Мæскуыйы метройы. Ныридæгæн маршрутыл æрлæууыд. Йæ бæлццæттæ - Мæскуыйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Уыдон ныр хæстæгдæр зонгæ кæндзысты нæ республикæйы истори, æгъдæуттæ æмæ культурæимæ. Нæ регионы тыххæй æппæт информаци ис поезды 5 вагоны. Афæдзы æрдæгмæ йæ бæлццæттæ бауыдзысты 3 милуан адæймаджы. Абон тематикон поезды фæдыл кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны делегаци йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй. Уый куыд фæнысан кодта, афтæмæй мæскуыйæгтæ нæ регионимæ зонгæ сты, фæлæ ма сын ныр фæзынд ног фæрæз Ирыстон хуыздæр базонынæн. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ проект саразыны хъæппæрис разынд депутат Таймазты Артурмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 455 подписчиков
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии