Наукæйы фидæн
Цъæйгом ахуыргæндтæй байдзаг. 9-æм хатт дзы байгом æппæтадæмон математикон форум. Йæ архайджытæ кæрæдзийы сæ фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнынц. уымæ сæ разæнгард кæны сыгъдæг æрдзон уæлдæф дæр. Студенттæ, аспиранттæ æмæ æрыгон ахуыргæнджытæ æнæхъæн къуыримæ математикæйы сусæгдзинæдты аныгъуылдзысты. Форумы сæйраг нысан у курдиатджын фæсивæдæн сæ фæндаг фæуæрæхдæр кæнын æмæ наукæйыл æнувыд чи у, уыдонмæ фæкæсын. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат дæр сæ фармæ балæууыд. Математикæйы æвзагмæ тынг æмхиц нæу, фæлæ сын иронау сæ сусæгдзинæдтæ раргом кæндзæн. Омид Забети ацы форумы архайы фыццаг хатт. Æрцыд дард бæстæйæ - Иранæй. Математикæмæ рагæй разæнгард у. Йæхимæ, Ираны, наукæйы сусæгдзинæдтæ æргом кæны студенттæн. Уæвгæ, йæхæдæг дæр ахуыр кæнынмæ бæллы. Ног зонындзинæдты фæдыл æрцыд нæ республикæмæ. Æвзаг æй кæй къуылымпы кæны, уый дæр æм зын нæ кæсы. Омид Забети: «Математикæ - у тынг зын предмет. Уæлдай дæр иртæстыты фæлгæты. Адæймаг та афтæ конд у, æмæ цыфæнды хъуыддаджы дæр æнцон гæнæнтæ агуры. Дисы ма мæ фтауы, мæнæ ам цас æрыгон адæм ис, уый. Сты алы регионтæй. Мæ зæрдæмæ цæуы ацы форум, дзæбæх мæ суазæг кодтой. Фæнд кæнын ам афæстиат уæвын æмæ профессортимæ иумæ бакусын». Математикон форум нæ республикæйы цæуы 9-æм хатт. Архайджыты ныхæстæм гæсгæ, азæй-азмæ фембæлдтытæ кæнынц цымыдисагдæр. Йæ амидингæнджытæ та алы хатт дæр ноджы зындгонддæр ахуыргæнджыты æмæ профессорты æрбахонынц. Программæ хъæзыгдæр кæнынц. Уыцы хъуыддаджы сæйрагдæр у хуымæтæг æмæ цымыдисагæй адæмæн математикæйы зонындзинæдтæ æргом кæнын. Цъæйы комы диссаджы æрдз æрыгон ахуыргæндты йæхимæ лвасы. Фидæны ахæм хæларон ахастдзинæдтæ пайда вæййынц наукæйы дæр. Архайджытæ балымæн вæййынц æмæ иумæ иу ахсджиаг темæйыл кусын райдайынц. Зонады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ фæсивæд математикæмæ æмæ бæлвырд наукæтæм се ргом не здахынц. Ахæм форумтæ Цæгат Ирыстоны хъуамæ хъуыддаг аивой. Форум саразджыты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй бæрзæндтæм хизай, уый тыххæй уал хъæуы исты хуымæтæг куыстæй райдайын. Тырнын фæндтæ æххæст кæнынмæ. Уымæн та ацы форум, æмбал кæмæн нæй, ахæм мадзал у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Наукæйы фидæн
Категория:
Новости и СМИ