Кировы районы скъолаты ахуырдзаутæн аразынц, наркоманийы ныхмæ, профилактикон ныхас
Кировы районы скъолаты ахуырдзаутæн аразынц, наркоманийы ныхмæ, профилактикон ныхас. Наркотикон буаргъæдтæ цавæр знаггад хæссынц, уый тыххæй дзурынц Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Кæрдзын, Хъахъхъæдуры æмæ Елхоты скъолаты пъæлицæйы кусджытæ сабиты зæрдыл лæууын кæнынц, наркотикты æнæзакъон зилдухы тыххæй куыд æфхæрынц, уый. Уымæй уæлдай специалисттæ амонынц, наркотикон буаргъæдтæ уæй кæныны хъуыддаджы, уголовон кодексы уацтæ кæй æвзидынц азымджынмæ, уый. Ахæм профилактикон мадзал ацыд Черменыхъæуы 2-æм астæуккаг скъолайы. Хистæр кълæсты ахуырдзаутæн фехъусын кодтой наркотикон буаргъæдтæй пайда кæныны фæстиуджытæ. Барадхъахъхъæнджытæ скъоладзауты фарстатæн радтой лæмбынæг дзуæппытæ. Лекцийы кæрон скодтой хатдзæг - скъоладзаутæ хъуамæ хуыздæр кæсой се*нæниздзинадмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кировы районы скъолаты ахуырдзаутæн аразынц, наркоманийы ныхмæ, профилактикон ныхас
Категория:
Новости и СМИ