Ног уалдзыгон цин сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн
Сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы æрыгон артисттæ ацæргæ адæмы хæдзары цæрджытæн равдыстой спектакль «Когда наступит Пасха» - зæгъгæ. Бакуыстой йыл алайнаг Епархийымæ. Спектакль æвæрд аргъау «Волшебник изумрудного города» -мæ гæсгæ. Сывæллæтты хадзары хъомылгæнинæгтæн у сæ фыццаг сфæлдыстадон куыст. Спекталь сæвæрынмæ сын баххуыс кодта ирон теары актриссæ Пагæты Фатимæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй скъоладзаутæ тынг зæрдиагæй цыдысты репетицитæм, куысты рæстæг иу сæм сæхи хъуыдытæ дæр фæзынди. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уазджытæй иууылдæр стырæй-чысылæй сывæллæтты куыстæн скодтой стыр аргъ. Смондаг кодтой ацæргæ адæмы хæдзары цæрджыты дæр. Фæзындис сæм фидæнмæ фæнд – сæвæрын æмархайд кæм кæной, ахæм спектакль. Пагæты Фатимæйы ма фæнды йæ командæйы æххуыссæй стыр инклюзивон фестиваль саразын. Уымæн та йын гæнæнтæ дæр æмæ фæрæзтæ дæр ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног уалдзыгон цин сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн
Категория:
Новости и СМИ