Мысæн мадзал
Дзæуджыхъæуы каджжын уавæры байгом кодтой Цыдаты Ильяйы мемориалон фæйнæг. Фидаргонд æрцыд 5-æм скъолайы къулыл. ЦЫдайты Илья уыд скъолайы директор 1965 азæй фæстæмæ. Йæ разамынды рæстæг скъолайы гæнæнтæ уæрæхдæр кодтой, йæ ахуырдзаутæ та бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм цыдысты. Кадджын уазджыты 'хсæн фенæн уыд йæ хиуæтты, хæлæртты æмæ скъолайы рауагъдонты. Йе 'мкусджытæ йæ мысынц, куыд растзæрдæ æмæ зондджын разамонæг. Ильяйы хъæппæрисæй нæ республикæйы байгом ноджыдæр ма иу ахуырадон уагдон, кæцыйы фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кодтой уæлдай бæстонæй- 7 скъола. Фæндзæм гимнази уыд ЦЫдайты Ильяйæн йæ фæстаг кусæн бынат. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз ЦЫдайты Ильяйыл хъуамæ сæххæст уыдаид 100 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мысæн мадзал
Категория:
Новости и СМИ