Фæцæттæ кæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сæ уарзондæр фæлладуадзæн бынат нал базондзысты. Сæйраг парчы арæзтадон архайд кæронмæ фæхæццæ кæны. Аивгæнæн куыстыты сæйраг хæс у парчы раздæры хуыз сног кæнын. Йæ дизайн ын скодтой архивон къамтæм гæсгæ. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ног азы райдианмæ куыстытæ фæуыдзысты. Сæ хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнын та сын бафæлвæрдтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы рацарæзт йæ тæмæны бацыд. Цалынмæ уал кусджыты иу къорд зæхх кæрдæг ныссадзынмæ цæттæ кæны, уæдмæ уал иннæ къорд та къахвæндæгтыл къæйдуртæ æвæрынц. Арæзтадон куыстытæ ам августы райдыдтой. Цалдæр мæймæ фæллад уадзæн бынат йæ хуыз скалдта. Цалцæджы сæйраг домæн у хæрзхъæддзинад. Уæдæ цы `рмæджытæй кусынц, уыдонмæ дæр сæ цæст дарынц. Æдæппæтæй парчы рацарæзтæн радих кодтой 70 милуан сомы. Уыдонæй 14% сты республикон æмæ горæты бюджеттæй. Сæ фылдæр хай та - парти «Иугонд Уæрæсе» æвæрæнтæй. Æххæст кæнынц федералон проект «Городская среда», зæгъгæ. Парчы иу хаймæ та завод «Электроцинчы» фæрæзты руаджы базилдзысты. Дзæуджыхъæуы администрацийы аив кæныны æмæ цъæхфæлысты управленийы разамонæджы хæдивæг Хъороты Давид: «Пъланмæ гæсгæ сараздзыстæм рухсдæттæг системæ дæр. Сæвæрдзыстæм ног цæнгæт къæхтыл уынджы цырæгътæ, стæй бандæттæ цæнгæт хиæнцойгæнæнтимæ. Уымæй уæлдай ма бæстыхайы цъæх фæлыстимæ бакусдзыстæм. Нысаддзыстæм дзы чесæкъутæртæ, уырыссагау самшит кæй хонынц, уыдон. Сæ иумæйаг дæргъ - 2,5 километры. Кæрдæг та уыдзæн ахæм, æмæ гæзæмæ рухсмæ дæр чи зайы». Парчы цалцæг кæронмæ ахæццæ кæндзысты 15 декабры. Горæты администрацийы зæрдæ бавæрдтой, куыстытæ ууыл нæ фæуыдзысты. Центрон парчы фидæн азы фæзындзæн донуат, йæ алыварс та - ног къахвæндæгтæ. Биджелты Бертæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæцæттæ кæны

Категория:

Новости и СМИ