Симпозиум «Аланикæ»-йы фæлгæты абон Дзæуджыхъæуы уыд пресс-конференци
Симпозиум «Аланикæ»-йы фæлгæты абон Дзæуджыхъæуы уыд пресс-конференци. Журналистты базонгæ кодтой мадзалы программæимæ. Цæгат Ирыстонмæ ссæудзысты алы бæстæтæй уазджытæ. Се `хсæн Азербайджан, Украинæ, Литва æмæ æндæр паддзахадты минæвæрттæ. Культурон цауы архайдзысты 20 авторæй фылдæр. Аланикæйы фенæн уыдзæн цымыдисаг проекттæ. Уыдзысты алы жанрты конд: ныв, видеоæрмæг, кафт, скульптурæ æмæ алыхуызон инсталляцитæ. Симпозиумы ахадындзинад егъау у. Йæ архайджытæ сæххæст кæндзысты сæ проекттæ. Уымæй уæлдай ма сын фадат уыдзæн дунейы зындгонд аивадон архайджытимæ фембæлын. Уыдон сын сæ фæлтæрддзинад нæ бавгъау кæндзысты. Афæдзæй афæдзмæ симпозиумы архайджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Ацы хатт ма йæм бахæсдзысты, адæмы дисы чи `фтаудзæн, ахæм мадзæлттæ дæр. Зæгъæм, рухсытимæ куыд архайы, уый равдисдзæн Заур Цугаев Грознайæ, хъæдæрмæгæй конд дзауматæ адæмы рæгъмæ рахæсдзæн Бакуйы минæвар - Фарид Расулов, æфсæйнагæй нывæфтыдтæ та скæндзæн - Алла Урбан, Мæскуыйæ. Хава Хамзатова та йæхи фæлвардзæн инди-фолк кæй хонынц, ахæм зарæджы жанры. Цæгатирыстойнаг Терезты Таму та ирон музыкæйæ балхæндзæн адæмы зæрдæтæ. Виктор Пацюков - Уæрæсейы нывгæнджыты академийы корреспондент: «Адæмон культурæ æмæ Кавказы традицитæ аивадимæ сты æнгом баст. Ирыстоны зæххы адæймаг йæхи сразæнгард кæны ног уæлахизтæм. Алы адæмыххæтыты культурæтæ ацы мадзалы руаджы сæмхæццæ уыдзысты. Мæнмæ гæсгæ уый тынг хорз хъуыддаг у». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Симпозиум «Аланикæ»-йы фæлгæты абон Дзæуджыхъæуы уыд пресс-конференци
Категория:
Новости и СМИ