Цæгат Кавказы хъæды хæдзарады техникумы цæуы профессионалон архайды чемпионаты регионалон къæпхæн
Цæгат Кавказы механизаци, хъæды хæдзарады автоматизаци æмæ разамынды техникумы цæуы æппæтуæрæсеон чемпионат «Профессионалы»-йы регионалон къæпхæн. Архайджытæ ерыс кæнынц дыууæ къабазы – «Ландшафтный дизайн» æмæ «Хъæдæй пайда кæныны Инженери». Техникумы студенттæй уæлдай чемпионаты ерыс кæнынц Алагиры æмæ Дыгуры районты скъолаты ахуырдзаутæ. Сæ архайдæн аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ. Регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ сæ фæлтæрддзинад равдисдзысты æппæтуæрæсеон финалы Петербургы.