Цæгат Ирыстоны æхнырсæгæй рынчынты нымæц сезонмæ фыццаг хатт ахызт нысангонд æмвæзадæй
Цæгат Ирыстоны æхнырсæгæй рынчынты нымæц сезонмæ фыццаг хатт ахызт нысангонд æмвæзадæй. Сæ 70% сты сывæллæттæ. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылты Алан. Бафæдзæхста æхснырсæджы миниуджытимæ пациенттæн ковид иртасыны тест кæнын. Уыимæ ма скъолаты алы райсом сывæллæтты æнæниздзинад бæрæг кæнын. Социалон куыстуæтты маскæтæ дарыны фæтк æххæст кæнын. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис Бабар кодта Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды амынддзинæдтæ æххæст кæнын. Ныхас ма цыд республикæйы арæнты уавæрыл. Арвыкомы фæндаг æхгæд у боныхъæды аххосæй. Дысон æхсæв дзы рацыд цалдæр зæйы. Ныртæккæ уадзæн пункт сыгъдæг кæнынц. Уæллаг Ларсы арæны сæрты ахизынмæ рады лæууынц мин æмæ æрдæг хæдтулгæйæ фылдæр. Бынаты равæрдтой хъармгæнæн пункт, кусы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады оперативон къорд. Дзанайты Барис бабар кодта уавæрмæ уæлдай бæстондæрæй кæсын.