Алагиры 3-æм скъолайы байгом профессионалон дæсныйады æркасты муниципалон къæпхæн

Алагиры 3-æм скъолайы байгом профессионалон дæсныйады "Цæгат Ирыстоны хуыздæр ахуыргæнæджы" æркасты муниципалон къæпхæн. Конкурсы ис 3 номинацийы: "Афæдзы хуыздæр ахуыргæнæг", "Педагогон дебют" æмæ "Къласы хуыздæр разамонæг". Архайынц дзы 19 адæймаджы. Æнхъæлмæ сæм кæсы алыхуызон хæслæвæрдтæ. Куыд сæ æххæст кæнынц, уый та ныр фенæн ис онлайн хуызы. Иу ногдзинад ма - аргъ кæныны электрон системæ. Афтæмæй ис жюрийы уæнгтимæ тагъддæр бастдзинад арын æмæ æмгуыст кæнын. Уæлахиздзаутæ фембæлдзсты регионалон къæпхæны. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, афтæ цалдæр æркасты иу ран æмæ иу рæстæг арæзт цæуынц фыццаг хатт.

Иконка канала IRYSTONTV
1 460 подписчиков
12+
14 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии