Дзанайты Барис бабæрæг кодта, социалон контракт чи бафыста, уыцы амалхъом адæмы куыстуæттæ
Куыстуарзаг æмæ фæллойгæнаг æрыгон адæмæн социалон контракты руаджы ног гæнæнтæ кæй фæзыны, уый дызæрдыггаг нал у. Цалдæр азмæ ацы сæрмагонд паддзахадон æххуысы фæрцы амалиуæгтæ байгом кæнынц ног куыстуæттæ. Нæ абоны æрмæджы хъайтартæ дæр, æхцайы фæрæзтæй спайда кæнгæйæ, балхæдтой кусæнгæрзтæ. Ныр бизнесы кæнынц фидар къахдзæфтæ. Абон æрыгон адæмы ног гæнæнтæ федта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Куыд радзырдта, афтæмæй паддзахад дарддæр дæр æххуыс кæндзæн чысыл бизнесæн. Зæрдæйæн æхцондзинад цы архайд хæссы, уый Юлиана Контопаулос ссардта цалдæр азы размæ: кæны нывæфтыдтæ. Сылгоймагæн йæ бæллиц къухы бафтыд, афæдзы размæ цы социалон контракт бафыста, уый руаджы. Юлианæ æхцайы фæрæзтæй балхæдта хъæугæ дзауматæ æмæ йæ авналæнтæ фæуæрæхдæр сты. Амалхъомы æрмадз бабæрæг кодта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Гутнаты Наталья дæр бафыста социалон контракт. Йæ разамындæй æнахъом сывæллæтты æвдæлон рæстæг æрвитæн центр "Гудвин"-ы фæсивæд ахуыр кæнынц англисаг æмæ французаг æвзæгтæ. Уымæй уæлдай, педагог саразы дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, фембæлдтытæ æмæ ныхасæппарæн клубтæ. Архайд цæуы сæрмагонд медодикæйæ пайдагæнгæйæ, Оксфорды чингуытæм гæсгæ. Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы дарддæр дæр чысыл амалхъомадæн æххуыс кæндзысты. Фарон Цӕгат Ирыстоны бафыстой 2 мин социалон контрактæй фылдæр. Арæзт æрцыд 4 мины бæрц куысты бынаты. Премьер куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз æххуысы фæрæзæй, æппынкъаддæр, спайда кæндзысты мин æмæ æрдæг цæрæджы.