Хид тæссаг куы уа

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт йæ хуыз скалдта. Фæлæ йæм лæмбынæг куы æркæсæм, уæд хъæндзинæдтæ дæр фендзыстæм. Иу æмæ дыууæ хатты сыл нæ уацхæсджытæ нæ куыстой. Ацы хатт дæр нæ хъус цæмæ æрдардтаиккам, уый разынд. Дзæуджыхъæуы хидтæ. Терчы сæрты ахизæнты адæймаг йæ цардæн стæрсы. Кæм дзы быру нæй, кæмдæр та хид адæмы къæхты бын донмæ згъæлы. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хъуамæ аразын райдайой. Æнхъæлмæ кæсынц æрмсæт æхцамæ. Кæдмæ ма, цымæ? Нæ уацхæсджытæн - ныхасы бар. Терчы иу былгæронæй иннæмæ бахауынæн банымадтам 8 ахизæны. Уал хиды ис Дзæуджыхъæуы. Сæ иу Пашковскийы æмæ Маяковскийы номыл уынгты. Раджыйы арæзт у. Дæнцæгæн хæссинаг вæййы, хуыздæр инженерон куыстытыл куы фæдзурынц, уæд. Фæлæ йæм цæсдарæг нæй. Пенсийы раджы ацыд Трамвайты хид дæр. Уæрæсейы æппæты зæронддæртæй иу у. Цалдæр азы размæ йæ цацлæг кæнынмæ сæххгæдтой, æмæ ныр дæр афтæмæй лæууы.. Адæм сæ сæрты хизынц. Æвзæр уавæры кæй ис ацы хид, уый иууылдæр зонынц. Йæ сæхгæныныл бадзырд раджы бафыстой. Æхгæнгæ дæр æй скодтой. Фæлæ йыл цæрджытæ уæддæр батъæбæрт кæнынц. Стырæй - чысылæй! Сæ цардæн тæрсгæ дæр нæ кæнынц. Аразынмæ дæр ничима бавнæлдта. Хид цас кæлæддзагдæр уа, уыйас адæмæн тæссаг у Терчы гуылфæнтæм ныххауынæй. Ахизæны фæрстыл быру нæй. Нæй дзы нысæнттæ дæр, уæхи хъахъхъæнут, зæгъгæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы дзырд дæттынц, тагъд кусын кæй райдайдзысты. Былгæрæтты чысыл дæлдæр куы æруайæм, уæд нæ размæ Чапаевы уынгыл хид дæр. Ам алы бон мингай хæдтулгæтæ дыууæрдæм сыффыт кæнынц. Фистæгæй цæуджытæ дæр дзы бирæ вæййы. Фæлæ та ам дæр уавæр йæ хуыздæртæй нæу. Йæ иу фарс фæйнæджытæй æмпъызт. Иннæ фарсæн æвæццæгæн уыдон дæр не сфаг сты. Зæгъгæ, адæймаджы къах фæзылын, уæд цæугæдоны хай бауыдзæн. Администрацийы хъуыдымæ гæсгæ та дзы цалцæггæнæн куыстытæ рагæй цæуынц. Хидты уавæрмæ æнæмæнг æркæсдзысты, зæгъынц бæрнон кусджытæ. Дзæуджыхъæуы цæрджыты искæд куы фæсайой, уый зонынц. Тагъд рæстæджы, дам, горæты ахизæнты æдасдзинадмæ æркæсдзысты. Мах дæр сæм лæмбынæг суанг телекамерæйы цæстæй дæр ма кæсдзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хид тæссаг куы уа

Категория:

Новости и СМИ