Битарты Вячеслав фембæлд Гаглойты Аланимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

Тарскæйы æмæ Сунжæйы амбулаторитæ цæттæ сты. Ис дзы 50 æмæ 100 бынаты. Дыууæ медицинон куыстуаты дæр ифтонггонд сты нырыккон кусæнгæрзæй æмæ хъæугæ дзауматæй. Уый тыххæй нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фехъусын кодта Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæг Гаглойты Алан. Фидæны фæнд кæнынц Майскийы æмæ Куырттаты хъæуты ног амбулаторитæ саразын. Районы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ агурынц арæзæг куыстуат. Æмбырды архайджытæ ма се ргом аздæхтой Ирыхъæу æмæ Дачнæйы сывæллæтты ног рæвдауæндæттæ саразыныл. Ахуыргæнæндæттæ сабитæн сæ дуæрттæ байгом кæндзысты ацы сæрд. Бынат дзы уыдзæн 120 сывæллонæн. Иу ахсджиаг хъуыддаг ма – Чермены скъолайы арæзтад. Социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектæн арæзтадон фæзуат ныридæгæн снысан кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд Гаглойты Аланимæ

Категория:

Новости и СМИ