Турчы цæрæг ирон Пухаты Жале аразы мыдадзын фигурæты равдыстытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Туркаг Дияркабыры уыдис мыдадзын фигурæты равдыст. Ирыстонмæ цы бар дары ацы хабар, зæгъгæ, куы фæрсат, уæд нæ дзуапп цæттæ. Равдыст сарæзта Турчы цæрæг ирæттæй иу Пухаты Жале. Фыццаг хатт ахæм фигурæтæ йæхæдæг Уæрæсейы федта. Йæ зæрдæмæ афтæ фæцыдысты, æмæ сфæнд кодта ахæм музейæн бындур Турчы дæр сæвæрын. Сфæнд кодта æмæ йæ бакодта. Ныр ын йæ музеймæ Стамбулы адæм къахихсыд бавæййынц. Фæлæ ирон туг кæй дадзинты згъоры, уый канд Стамбулы нæ лæууы. Жале йæ музеимæ Турчы цы нæ къуымæй ракаст, ахæм нал баззад. Афтæмæй та ныр Дияркабырмæ араст. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынæттон дзыллон информацион фæрæзтæй дæр æнæрхъуыдыйæ нæ баззад. Ныртæккæ цы кадртæ уынут, уыдон Пухаты Жалейы музейы тыххæй йæ эфиры равдыста туркаг телеканал «Хабер». 46 мыдадзын фигурæйы сæхимæ адæмы `ркæсын кæнынц. Чи `рбацæуы, уый цыма историон арфы аныгъуылы, афтæ йæм фæкæсы. Турчы цæрджытæ йын йæ куыстмæ ахæм цымыдис кæй сты, уый Жалейы зæрдæмæ дæр цæуы. Пухаты Жале йæ музеимæ ацы ран бафæстиат уыдзæн апрелы кæронмæ. Уæлдай æхсызгондæр уый у, æмæ музеймæ рæзгæ фæлтæр кæй цæуынц арæх. Ахуыр чи кæны, уыдонæн та канд цæсты ахадыны мадзал нæу. Зæгъæн ис, æмæ сын бирæ хъуыддæгты кæны практикон æххуыс. Цы фенынц, уымæй уыйфæстæ сæ бон у спайда кæнынц, цæмæй сæ дунеæнкъарынад кæна уæрæхдæр æмæ хуыздæр. Бирæ цыдæртæ базонынц канд сæхи бæстæйы историйæ нæ, фæлæ ма суанг Уæрæсейы царды тыххæй дæр. Уый Жалейæн йæ куысты сæрайгдæр мидистæй иу у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Турчы цæрæг ирон Пухаты Жале аразы мыдадзын фигурæты равдыстытæ

Категория:

Новости и СМИ