Ульяновскы цæрæг Михаил Чернов бацæттæ кодта Беслæны хъайтарты хуызистытæ
Хуызистытæ нывгæнæг Ульяновскæй Михаил Чернов ссыд Дзæуджыхъæумæ. Дæсны бацæттæ кодта 2004-æм азы Беслæны теракты сæрмагонд нысаниуæг кæмæн уыди, уыцы æфсæддонты къордтæ «Альфа» æмæ «Вымпел», Æдасдзинады федералон службæ æмæ Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæй чи фæмард, уыдоны портреттæ. Ивгъуыд аз Михаил Чернов 12 хуызисты балæвар кодта Беслæны скъолайы музейæн. Уæд портреттæ конд уыдысты урс-сау хуызы. Ацы хатт нывгæнæг йæ куыстытæ скодта алыхуызон ахорæнтæй. Михаил Чернов Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хат ссыд 2010-æм азы. Уæдæй нырмæ архайы республикæмæ арæхдæр цæуыныл. Ирон чындзæхсæв куы бабæрæг кодта, уæд æм тынг рæсугъд фæкаст. Ныртæккæ ныв кæны ирон чындзыты. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ алы куыстæн дæр ис йæхи мидис. Михаил Чернов республикæйы фæуыдзæн иу мæй. Уыцы рæстæджы æмгъуыдмæ фæнд кæны йæ хуызистыт коллекци апарахат кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ульяновскы цæрæг Михаил Чернов бацæттæ кодта Беслæны хъайтарты хуызистытæ
Категория:
Новости и СМИ