Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта Поддубныйы хъæбысæхæсты лигæйы турнир "Æмхæларады" кубок

2 тыс. подписчиков

12+
12+

64 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта Поддубныйы хъæбысæхæсты лигæйы турнир "Æмхæларады" кубок

2 тыс. подписчиков

12+
12+

64 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

64 просмотра

3 года назад

Хуымæтæг ерыстæ нæ, фæлæ æцæг бæрæгбон спортуарзджытæн. Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта Поддубныйы хъæбысæхæсты лигæйы турнир "Æмхæларады" кубок. Архайынц дзы 15 командæйы. Сæ хыгъды Азербайджан, Иран, Белорусси. Хæцынц 10 уæзы категорийы. Уыдонæй алкæцыйы дæр - 16 спортсмены. Се 'хсæн олимпаг чемпионтæ Сидахъаты Зауырбег æмæ Абдулрашид Садуллаев. Ерыстæ æрбамбырд кодтой зындгонд спортсменты 10 бæстæйæ. Уæлахиздзау командæ суыдзæн Æмхæларады кубокы хицау, арæзт у сæрмагондæй турнирмæ, æмæ йæ сфæлыстой зынаргъ дуртæй. Уымæй уæлдай, хуыздæртæм æнхъæлмæ кæсынц сызгъæрин, æвзист æмæ бронозæ майдантæ. 29 июлы ацæудзæн дунеон сери PWL, уым архайдзысты хуыздæр спортсмнтæ. Ерысты программæйы – 10 тохæй фылдæр уæгъдибар, грекъаг-ромаг æмæ сылгоймæгты хъæбысхæстæй. Уым сæ тыхтæ бафæлвардзысты олимпаг чемпион Заур Угуев, дунейы æмæ Европæйы чемпион Абасгаджи Магомедов, Дунейы кубокы уæлахиздзау Ахмед Усманов æмæ æндæртæ.

, чтобы оставлять комментарии