Уæрæсейы райдайдзысты хи хæдзæрттæн ипотекæ дæттын
Уæрæсейы фæзындзæн хи хæдзæрттæ райсыны ипотекæ. Уый тыххæй Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев ныхас кодта бæрнон кусджытимæ. Ныртæккæ хи хæдзар самайынæн хъæуы фылдæр фæрæзтæ æмæ фылдæр хъарутæ бахардз кæнын. Хъуыддагыл бакусыны хæс йæхимæ райста арæзтадон фæрстыты фæдыл, адæмы бартæ хъахъхъæнæн фонды разамонæг Александр Плутник. Хицауады бадзырдмæ гæсгæ сараздзысты хи хæдзæртты ипотекæ исыны программæ. Уым бæлвырдæй бæрæг уыдзæн, куыд æмæ йæ цы хуызы ис райсæн, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы хи хæдзар уыдзæн зынаргъдæр. Уымæн æмæ йæ арæзтадыл фылдæр хæрдзтæ хъæуы. Цæмæй туджы аргъ ма кæной, уый тыххæй та кусдзæн сæрмагонд программæ. Уым амынд цæудзысты, фæнд сæххæст кæнынæн ахадгæ чи уыдзæн, уыцы куысты мадзæлттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы райдайдзысты хи хæдзæрттæн ипотекæ дæттын
Категория:
Новости и СМИ