Курдиатджын лæппу
Санкт-Петербурджы уыд Еленæ Образцовойы номыл зарæггæнджыты фестиваль. Цалдæр боны размæ фæци. Архайдтой дзы дунейы 14 бæстæйæ 169 зарæггæнæджы . Ирон зарæггæнæг Хъуысаты Солтан дзы сси призер. Бацахста 3-аг бынат. Солтаныл 12 азы йеддæмæ нæ цæуы. Цæры Беслæны. Конкурсы азарыд Шуберты æмæ Глинкæйы уацмыстæ. Аивадуарзджыты зæрдæмæ тынг фæцыд. Жюрийы уæнгтæ дæр ыл сæ цæст æрæврдой. Конкурсы жюрийы та уыдысты аивады хъуыстгонддæр архайджытæ. Хъуысаты Солтаны зард уæлдай тынгдæр фæцыд Уæрæсейы адæмон артисткæ, жюрийы уæнг Гергиты Ларисæйы зæрдæмæ. Бæцæзаты Светланæ: «Чайковскийы номыл конкурсмæ æвзарæн къæпхæн ам куы цыд, уæд ын йæ курдиатæн аргъ скодта Гергиты Ларисæ. Азарыд тынг хорз, æмæ йын Ларисæ загъта цæмæй йæхиуыл куса æмæ æнæмæнг архайа алыхуызон фестивальты æмæ конкурсты». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Курдиатджын лæппу
Категория:
Новости и СМИ