Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны йæ хæдбардзинады бон
Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны йæ хæдбардзинады бон. Республикæйы нымад у паддзахадон бæрæгбæттæй сæ кадджындæрыл. 26-æм августы 2008-æм азы Дмитрий Медведевы уынаффæмæ гæсгæ Уæрæсе Хуссар Ирыстоны банымадта хæдбар паддзахадыл. Ахæм уынаффæ рахастой Гуырдзыстоны æфсæддонтæ Цхинвалмæ куы рбабырстой уый фæстæ. Уæд Хуссар Ирыстон Уæрæсемæ фæсидт йæ курдиатимæ, цæмæй йæ хæдбарыл банымайой. 9-æм сентябры 2008 азы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон фæбæрæг кодтой æмгуыстады фæндæгтæ. 17-æм сентябры та бафыстой хæлардзинады бадзырд. Абон Хуссар Ирыстоны бæрæгбоны фæдыл сарæзтой алыхуызон мадзæлттæ. Республикæйы цæрджытæн арфæ ракæнынмæ æрцыдысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ хицауады уæнгтæ дæр. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады бон сбæрæг кæныныл бæстон бацархайдтой. Æцæг адæмон бæрæгбон сын рауад. Хетæгкаты хъæуы æрæмбырд сты республикæйы районты хъæууон хæдзарадтæ. Сæрмагонд фæзтыл равдыстой сæ хъæздыг тыллæг. Уыимæ ма, гом арвы бын æрцæттæ кодтой алыхуызон хæрзад хæринæгтæ. Хетæгкаты хъæуæн ахадгæ нысаниуæг ис. Ацы хъæуæй республикæйы сæйраг горæтмæ ис 7 километры. 2008-æм азы августы ам цыд тугкалæн тох. Уæд знаджы фæсурын къухы бафтыд. Ныртæккæ дзы цард дзæвгар фæхуыздæр. Йæ тæмæны бацыд. Зæрдæйы хъæдгæмттæ байгас сты. Хъæуы уынгты фехъусæн ис кæстæрты хъæлдзæг худт æмæ музыкæйы зæлд. Бæрæгбоны фæдыл арфæ ракæнынмæ Хуссар Ирыстонмæ сæмбæлдысты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ. Сæ сæргъы республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав. Уыимæ ма хицауады уæнгтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Иумæ бакуывтой Хуыцаумæ æмæ дзы ракуырдтой а дунейыл сабырдзинад. Бибылты Анатолий æмæ Битарты Вячеслав бабæрæг кодтой бынæттон куыстуæттæ цы тематикон фæзæ бацæттæ кодтой, уыдон. Сæ бæркадæй цæст райы. Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадыл куы банымадта, ууыл рацыд 11 азы. Уæдæй абонмæ республикæ æнтыстджынæй рæзы. Бæрæгбоны мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ бабæрæг кодтой хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдыст. 20 дæсныйæ фылдæр сæ куыстыты фæнысан кодтой, цæрджытæ хæдбардзинады фæндагыл куыд къахдзæфтæ кодтой, уый. Кадджын æмбырды Битарты Вячеслав Аланийы паддзахады цæрджытæн бæрæгбоны фæдыл ракодта арфæ. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фæнысан кодта, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ республикæйæн зын рæстæджы сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый. Уыдон æфсымæрау æмдзу кодтой хæдбардзинады охыл. Бæрæгбоны кадджын мадзæлттæ цыдысты æнæнхъæн бон. Кæронбæттæн - Цхинвалы сæйраг фæзы - егъау концерт. Уый фæстæ та фейерверк. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны йæ хæдбардзинады бон
Категория:
Новости и СМИ