Гриппы ныхмæ тох
Дзæуджыхъæумæ ссыд Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады сæрмагонд къамис. Йæ сæйраг хæс - гриппы эпидемимæ цæттæдзинад сбæрæг кæнын. Къамисы уæнгтæ сты Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады раззагдæр специалисттæ æмæ ахуыргæндтæ. Уымæй уæлдай ма вакцинæ уадзыны къабазы кусджытæ. Уазджытæ сбæрæг кæндзысты, республикæйы гриппы ныхмæ прививкæтæ цæрджытæн скодтой æви нæ, уый. Уымæй уæлдай ма гриппæй фæрынчын уæвын тæссаг кæмæн, у уый дæр хъуамæ раиртасой. Къамисы уæнгтæ ныридæгæн Цæгат Ирыстонæй уæлдай уыдысты дыууæ республикæйы. Сæйрагдæр у арæны сæрты тæссаг низ ма `рбауадзын. Эксперттæ ма базыдтой, алы республикæ дæр гриппы ныхмæ вакцинæйæ куыд ифтоггонд у, уый дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гриппы ныхмæ тох
Категория:
Новости и СМИ