Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Платы Альбинæ нысангонд æрцыд республикæйы хицауады сæрдары хæдивæгæй. Тугъанты Ларисæ уыцы бынат суæгъд кодта йæхи фæндонмæ гæсгæ. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Æмбырды ма фыццаг хатт архайдта мидхъуыддæгты ног министр Демьян Лаптев. Республикæйы разамонæг ын фыццаджыдæр бабар кодта фæндаггон фыдбылызты бæрц фæкъаддæр кæнынмæ æргом аздахын. Уымæй уæлдай ма, ведомство баххуыс кæндзæн зын хъомылгӕнӕн сывӕллӕттӕн лагерь бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Йæ фæлгæты Цæгат Ирыстон суазæг кæндзæн 15 адæймаджы бæстæйы алы регионтæй. Ныхас ма цыд, эпидемиологон уавæрыл дæр. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уавæр зæрдæхсаинаг нæу. Ахуырад æмæ наукæйы министр, Алыбегты Эллæ та куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахуыр ацы фæззæг ацыд æнæ карантинæй. Скъолаты кълæстæ æхгæнын нæ бахъуыд. Æмбырды рæстæг ма уæлдай æргом аздæхтой фæндаггон куыстытæм. Беслæны уыцы-иу рæстæг нысангонд фæткæй фæиппæрд сты æртæ уынджы куыстытæ. Аххосæгтæ — дондзæуæн хызæгты цалцæг. Сергей Меняйло бабар кодта, цыбыр рæстæгмæ фарста аиуварс кæнын. Сæргълæууæг ма паддзахадон автоинспекци, стæй транпорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитетæн бабар кодта фистæгæй цæуджытæн ахизæнтæ сбæрæг кæнын. Фæндæгтæн хъæудзæн саразын сæрмагонд паспорттæ, паддзахадон стандарттæм гæсгæ. Æрдзырдтой ма форум "Россия"-мæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Ныридæгæн æнтыстджынæй аразынц нæ республикæйы стенд. Цæттæ уыдзæн дыууæ боны фæстæ. Бæстон репетици та ацæудзæн 2-æм ноябры.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
72 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии