«Россети Цæгат Кавказ» ы лæггæдтæй хæстæ дарынц 37 фæлхасгæнæнджы
«Россети Цæгат Кавказ» -ы кусджытæ дыууæ мæймæ рабæрæг кодтой электрон тыхæй æнæзакъонæй чи спайда кодта, 37 ахæм фæлхасгæнæджы. Æмткъæй райсгæйæ, компанийæн зиан æрхастой 2 милуан æмæ 300 мин сомæн. Уагхæлдтытæ раиртæстой сæрмагонд мадзæлтты фæрцы. Рейдты рæстæг рабæрæг кодтой электрон хызæгтæй æнæзакъонæй дыккаг хатт чи спайда кодта, уыдоны дæр. Амынд хæсæй, 1 милуан æмæ 100 мин сомæн акттæ сарæзтой юридикон компанитыл. 31 актмæ гæсгæ, уый та у 1 милуан æмæ 200 мин сомы, æнæзакъонæй спайда кодтой хицæн адæймæгтæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы хъуыддаджы фæдыл закъон Уæрæсейы кæй фæкарздæр уый. Уагхæлдтыты тыххæй хицæн адæймæгтæ бафиддзысты ивар 10-æй 15 мин сомы онг. Юридикон организациты хицæутты та сæ дзыппытæй исын хъæудзæн 100 минæй 200 мин сомы онг. Фæлæ зæгъæм, закъонхалджытæ, нымайæн сæрмагонд гæрз кæй нæ бæрæг кæны, ахæм уæлæмхасæн телтæй дыккаг хатт спайда кодтой, уæд сæ дзыппытæ зынгæ рафтид уыдзысты. Хицæн адæймæгтæ бафидзысты 15-æй 30 мин сомы онг. Бæрнон бынаты чи кусы уыдоны та сæ куыстæй дыууæ азæй æртæ азы онг фæиппæрд уыдзысты, уыимæ ма ивар 80-йæ 200 мины онг дæр бафидзысты. Юридикон куыстуæттæй электрон тых давгæйæ дыккаг хатт кæй æрцахсой, уыдоны та ивар кæндзысты 200-йæ 300 мин сомы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Россети Цæгат Кавказ» ы лæггæдтæй хæстæ дарынц 37 фæлхасгæнæнджы
Категория:
Новости и СМИ