Фыццаг æмæ иунæг
Нæ республикæйы ахуырады ног фæрнæйдзаг къахдзæф у Алайнаг гимназ. Йæ сæйраг хæс у ирон æвзаджы райрæзтыл æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладыл бакусын. Ахуыргæнджытæ архайынц æрмæст æвзаг бахъхъæныныл нæ, фæлæ ма, фидæны йæ адæмæн æмæ фыдыбæстæйæн кад чи кæндзæн, ахæм фæсивæды схъомыл кæнын. Ам та æнæбафиппайгæ нæй - афæдз размæ дæр ма ирон æвзагыл дыууæ ныхасæй фылдæр чи нæ зыдта, уыцы ахуырдзаутæ ныр, алфавиты алы дамгъæйæ дæр æнцонтæй пайда кæнынц. Дзырдбæстытæ æмæ дзы хъуыдыйæдтæ аразгæйæ, суанг ма чысыл радзырдтæ дæр æрхъуыды кæнынц. Математикæ, литературæ, ирон æвзаг æмæ ныв кæныны уроктæ. Чысыл Аспарæн алы предмет дæр йæ зæрдæмæ цæуы. Алцыдæр ын амонынц ирон æвзагыл. Æмæ кæд, раздæр Аспармæ уый зын каст, уыд ныр алы бон цы ног дзырдтæ базоны, уыдонæй æнтысджынæй æмæ уæндонæй пайда кæны. Ныртæккæ гимназы 2 къласы ис. Ахуыр дзы кæнынц 40 скъоладзауы. Гыццыл къордтæ, фæлæ стыр хорздзинад - уæлдай цæстард алы сывæллонмæ дæр. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, æцæг бинонты хуызæн сты. Цалдæр ахуырдзауы дзы - республикæйы дæрддзæф хъæутæй: Мызурæй, Æрыдонæй, Ольгинскæйæ æмæ Хуымæллæгæй. Гимназы сын æхсæвæй-бонæй уæвынæн фадат ис. Хицæн хуыссæн уæттæ - чызджытæн æмæ лæппутæн. Стæй ма сывæллæттæ сæхи фæлварынц музыкалон студийы дæр. Цымыдисæй фылдæр кæнынц информатикæйæ зонындзинæдтæ, аразынц мультипликацион кинонывты хъайтарты, архайынц шахматтæй æмæ спорты æндæр хуызтæй. Уымæн та сын цалцæггонд спортивон зал. Уæдæ сывæллон сывæллон у æмæ йæ фæнды алыхуызон дыргътæ æмæ халсартæй хи фенын. Стыр хæрæндоны сын уый гæнæн дæр ис. Хæринагæй дæр цух не ййафынц, уыимæ сын æрбаласын æвзаргæ хойрæгтæ. «Хæрдджын æмæ æфсæст адæймагæн зонындзинæдтæм фæндагыл цæуын æцнондæр у» - худгæйæ зæгъынц ахуыргæнджытæ. Æмæ сывæллæтты æмхиц кæнынц ахуырмæ. Ацы бæстыхайы ирон ныхас хъуысы фæсурокты дæр. Ирон æвзаг зонын у æнæмæнг домæн. Сывæллæттæ англисаг æмæ уырыссаг æвзаджы предметтæй фæстæмæ, иннæтæ амонынц ирон æвзагыл. «Уый хорз у æмæ дæтты хорз бæрæггæнæнтæ. Фæлæ цыфæнды специалист дæр зæгъдзæн, бирæ аразгæ у сывæллæттæ хæдзары цы æвзагыл дзурынц, уый» - йæ ныхасмæ бафтауы Алайнаг Гимназы директоры хæстæ æххæстгæнæг Цæразонты Мæдинæ. Фыццаг æххуысгæнджытæ сын хъуамæ ныййарджытæ уой. Уыдонæй та, хъыгагæн, айрох вæййы сæхæдæг дæр сæ сывæллæттимæ мадæлон æвзагыл кæй хъуамæ дзурой, уый. Ахуыргæнджытæ ма æхзынгон æмæ раппæлынагыл нымайынц уый æмæ сæ ахуырдзаутæ сæ хъарутæ алыхуызон ерысты фæлварын кæй райдыдтой. Се хсæн, ныридæгæн дæр ис уæлахиздзаутæ дæр. Хæрзиуджытæн гимназы хицæн бынат скодтой. Уæлахизтæм æмæ рухс бæллицтæм тырнгæйæ, кæнынц фæндвидар къахдзæфтæ. Фæткъуы бæлас йæ талатæ куыд рауадзы, афтæ ацы сабитæ дæр сæхи бæрзæнддæм ивазынц. Уымæн сын ис æппæт уавæртæ цæмæй ирон æвзаг, национ культурæ æмæ аивад размæ хæссой. Иннæ национ скъолатæн дæнцæг кæй уыдзысты, уый та ныридæгæн дæр бæрæг у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыццаг æмæ иунæг
Категория:
Новости и СМИ