Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ федтой Æппæтадæмон æхсæнадон фронты уæнгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы федералон программæйы фæлгæты зилынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæм. Æвæрынц ног къæйдуртæ, садзынц дзы алыхуызон бæлæстæ. Сæ хъус сæм дарынц æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Ацы æхсæнадон змæлды уæнгтæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй цæрджытæ хъуамæ сæхæдæг дæр сæ хъус дарой куыстытæ куыд цæуынц, уымæ. Фронты минæвæрттæ фæнд кæнынц фембæлын арæзтадон компанийы минæвæрттимæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон хъуамæ бирæуæладзыгон хæдзары цæрджыты хъуыдыимæ уой иузæрдион. Æмæ ма уыимæ хæдзары цæрджытæн сæ зæрдæмæ нæ цæуы, сывæллæттæн кæрты цы хъазæн фæзуат ис, уый уавæр дæр. Хæдзары цæрæг, Гасситы Иринæ нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ рагæй фæндыдис, цæмæй сæ хæдзары кæрт æмбæлгæ уавæры уа, уый. Цæрджытимæ-иу дзы ныссагътой дидинджытæ æмæ бæлæстæ. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ кæрт æдзæллаг уавæрмæ цæуын райдыдта. Æрæджы арæзтадон компанийы æххуысæй кæрты цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой. Цæрджытæ æнхъæл уыдысты, æмæ хъуыддаг фæхуыздæр уыдзæн, фæлæ æххæст разыйæ нæ баззадысты. Цалдæр мæйы размæ сæм цы арæзтадон компани фæкаст, уый куыд æмбæлы, афтæ йæ куыст нæ бакодта. Цæрджытæ куыд загъынц, афтæмæй бæлæстæ акалдтой, кæрт ссыгъдæг кодтой, фæлæ кæронмæ сæ куыст нæ фесты. Цыбыр рæстæджы фæстæ хæдзары цæрджытæ райдыдтой нæ республикæйы хицауадмæ фыссын. Ныффыстой сæ курдиæттæ, æмæ сæ балæвæрдтой уæлдæр хицауады уæнгтæм. Цы дзуапп сын радтой, уый та абон зыны Æппæтуæрæсеон адæмон фронты куыстæй. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнг Гæлиты Климы ныхæстæм гæсгæ, ныры онг цы рейдтæ аразынц, уыдон стыр ахъаз сты нæ горæты цæрджытæн. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты кусджытæ байхъуыстой цæрджыты курдиаттæм æмæ хъæстытæм. Тагъд рæстæджы сæ фарстатæ лыггонд æрцæуыдзысты. Фæлæ аипдзинæдтæ æрмæст ацы хæдзары не сты. Марковæйы уынджы цæрджытæн дæр æрæджы сцалцæг кодтой сæ кæрт. Сæ зæрдæмæ нæ цæуы, кæрты сывæллæтты хъазæн фæзуаты цы стыр бырондæттæ сæвæрдтой, уый. Фæнды сæ, цæмæй цыбыр рæстæгмæ уым мауал уой. Ацы кæрт дæр бабæрæг кодтой Æхсæнадон фронты уæнгтæ. Федтой, цавæр уавæры ис кæрт, уый. Цæрджытæн сарæзтой æрфарст. Куыд рабæрæг, афтæмæй Марковы уынджы цы адæм цæрынц, уыдон арæзтадон компанийæ разыйæ баззыдысты. Куыд нын радзырдтой, атæмæй ма сæ æрмæстддæр бырондæтты уавæр тыхсын кæны. Ныры онг Æхсæнадон адæмон фроны уæнгтæ æркастысты 15 кæртмæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, алы хæдзары кæрты дæр ис аипдзинæдтæ. Æнæмæнгæй иуварсгонд æрцæудзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ федтой Æппæтадæмон æхсæнадон фронты уæнгтæ

Категория:

Новости и СМИ