Дзюдойыл æнувыд
Нæ республикæйы дзюдойы Федераци ивгъуыд азæн скодта хатдзæгтæ. Цæгат Ирыстойнаг дзюдоисттæн аз рауад цымыдисаг æмæ æнтыстджын. Спортментæ архайдтой алы къæпхæнты ерысты. Се`хсæн ис уæлахиздзаутæ дæр. Ныр дæр улæфынмæ рæстæг нæй. Февралы райдайдзæн дзюдойы ног сезон. Уæндонæй куы архайай æмæ дæ техникон архайд тыхджын куы уа,уæд гæнæн ис æмæ дæ ныхмæлæууæджы абырсай. Челдыты Светланæ дзюдойы йæхи фæлвары 8 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ æрмæстдæр фыдæбон кæнгæйæ ис стыр æнтыстдзинæдтæ райсын. Æрæджы Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты сси фыццаг. «Æнцон мын кæцæй уыд, мæ ныхмæлæууæг уыд тыхджын, фæлæ йыл техникæйæы руаджы фæуæлахиз дæн», — дзюдоисткæ Челдыты Светланæ. Сæхи æнтыстджынæй равдыстой лæппутæ дæр. Рамбылжтой алыхуызон майдантæ. Цæгатирыстойнаг дзюдоисттæй фидар къахдзæвтæ уæлахизтæм чи кæны уыдонæй иу у Тасойты Инал. 2018 азы Европæйы чемпионаты рамбылдта сыгъзæрин майдан. Дунейы ерысты Азербайджаны та бацахста æртыккаг бынат. «Ацы азæй рахъаст кæнын мæ бон нæу, хорз аз рауад. Цалдæр чемпионаты мæ арæхстдзинад равдыстон. Уæдæ дунейы чемпионаты дæр архайдтон. Хæцыдтæн азербайджанаг æмæ немыцагимæ. Дыууæйыл дæр фæуæлахиз дæн. Немыцагимæ тох дæр. хорз бахъуыды кодтон. Владимир Путин куыд æмдзæгъд кодта уый федтон, мæ мын æхсызгон уыд», — Европæйы ерысты дзюдойæ уæлахиздзау Тасойты Инал. Дзюдойы федеацийы сæйраг тренер Беккуызарты Алик куыд зæгъы, афтæмæй уæззау уæзы командæйы кæддæриддæр уыд курдиатджын спортсментæ. 2018 аз дæр та уымæн ногæй æвдисæн. Цæгатирыстойнаг дзюдоиттæ та ногæй уыцы уæзы фесгуыхтысты. Ныртæккæ спортсментæ сæхи Италимæ цæттæ кæнынц. Ног Азы фæстæ уым ног тыхтимæ, сæхи цæттæ кæндзысты дæрддæр ерыстæм. «Ног азы, 2-æм январы тæхæм Италимæ, уым уыдзыстæм цыппар боны, уый фæстæ та Австримæ, уым къуыри кæндзыстæм тренировкæ. Уырдыгæй та цалдæр бонмæ хæдзармæ. Уый фæстæ Грознамæ, уым сбæрæг кæндзысты чи цавæр турниры архайдзæн уый», — европæйы чемпион дзюдойæ 2017 -азы Хуыбецты Алан. Дзюдойы секциты фæсивæд фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Ацы спорты хуыз республикæйы рæзы,уæдæ сæ бæрæггæнæнтæй дæр зæрдæ райы. Нæ спортсменты хæрзиуджыты голладжы 2018азы фæзынд 22 майданы. Уыдонæй 10 сыгъзæрин, 6 æвзист æмæ 6 та бронзæ. 2019 азы Японийы ацæудзысты дунеон ерыстæ. Нæ богæлттæй æнхъæлмæ кæсæм ног уæлахизтæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзюдойыл æнувыд
Категория:
Новости и СМИ