Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ рахызтысты егъау ахуыртæм
Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ рахызтысты егъау ахуыртæм. Сæйраг хæслæвæрдмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны хæхты хъуамæ ныппырх кæной мæнг ныхмæллæууæджы. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ сгарджытæ хъуамæ бацахстаиккой знаджы разамындæттæг пункт æмæ сæрмагонд хæцæнгарзæй пайда кæнгæйæ фадат радтой сæйраг тыхты ныббырстæн. Уыимæ нысангонд æмгъуыдмæ æфсæддонтæ сæххæст кодтой тактикон æмæ сæрмагонд цæттæдзинады тыххæй хæслæвæрдтæ. Ахуыртæ райдыдтой 10-æм мартъийы. Архайынц дзы 2 мин æфсæддонæй фылдæр æмæ техникæйы 250 иуæджы. Службæгæнджыты бæрны уыдзысты вертолеттæ Ми-8. Сæ хæслæвæрдтæм ма хаудзысты цæстдарæн посттæ, разыбадæнтæ аразын æмæ маскировкæйы сусæгдзинæдтæ сфæлхат кæнын. Хъуамæ ма фæцахуыр уой хæххон уавæрты архайын, æрдзон цæлхдурты сæрты хизын æмæ быдыры уавæрты эвакуаци кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ рахызтысты егъау ахуыртæм
Категория:
Новости и СМИ