Брытъиаты Созырыхъойы райгуырдыл сæххæст 125 азы
Зыдгонд ирон фыссæг Брытъиаты Созырыхъойы райгуырдыл абон æххæст кæны 125 азы. Созырыхъо райгуырди мæгуыр зæхкусæджы хæдзары Дæллагхъæуы. Фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Рагæй дæр йæ зæрдæмæ цыдысты адæмон сфæлдыстады уацмыстæ. Фæстæдæр уыдон æвæрд æрцыдысты йæ литературон аргъæутты бындурыл. Йæ аргъæутты æмбырдгæндтæ йын мыхуыр кæнынц абон дæр ма. Советон дуджы рæстæг дзы бирæ чингуытæ цалдæргай хатты рауагътой Дзæуджыхъæуы æмæ Ленинграды. Созырыхъо уырыссаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта Пушкины, Толстойы, Джонатан Свифты æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ. Кодта æвзаг иртасыны куыст дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Брытъиаты Созырыхъойы райгуырдыл сæххæст 125 азы
Категория:
Новости и СМИ