Куыд æмбæлы, афтæ!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Завод "Победит"-ы зынгсирвæзтытæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ дзы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хуызы тренировкæтæ куыстуæтты æнæмæнг аразын хъæуы. Уый та уый тыххæй æмæ дзы тагъд цы буаргъæдтæ ссудзынц, ахæмтæ бирæ ис. Цавæр мадзæлттæй ис спайда кæнын цæмæй зынг бирæ рæттыл ма апарахат уа æмæ адæмы æдас бынатмæ раст куыд хъæуы ракæнын - нæ уацхæсджытæ йæ базыдтой. Цы бакæнын хъæуы хлоры туагад куы акæла,уæд?Куыд ис уыцы тæссаг буаргъæдæй хи бахъахъхъæнæн?Куыд ис тагъд зынгсирвæзт ахуыссын кæнын,цæмæй мацы знаггад ракæна,уæдæ адæймагæн дæр мацы знаггад æрхæсса. Æппæт уыцы хъæугæ æмæ пайдайаг хъуыддæгтыл æрдзырдтой завод "Победит"-ы сæрмагонд ахуырты рæстæг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æнæвгъауæй сæ зонындзинæдтæ ахуырты равдыстой. Ацы заводы æдасдзинад хъахъхъæныны домæнтæм уæлдай цæстдард ис. Куыстуаты ис сæхи зынгхуыссынгæнджыты къорд. Эльбрус Кадиев, инспектор по оборонно-массовой и пожарной безопасности: «Ам æнæхъæн бон дæр рад фæхæссынц дыууæ шофыры æмæ иу зынгхуыссынгæнæг.Уыдон иуылдæр кæддæр куыстой зынгхуыссынгæнджыты службæйы. Ахæм хъуыддæгты сты сæрæн æмæ арæхстджын.Цехты дæр ис зынгсирвæзтытæй æдасдзинадæн дзуапп чи дтты,ахæм сæрмагонд къорд». Ацы ахуыртæ арæзт æрцыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æппæтуæрæсеон тренировкæты фæлгæты.Ахæм куыстуæтты зынг хуыссын кæнын æнцон нæу. Зиангхæссæг буаргъæдтæ дзы бирæ ис. Фæлæ уыдонæй дæр хи бахизæн ис сæрмагонд хи бахъахъхъæныны фæрæзтæй куы пайда кæнай,уæд.Æппæт уыцы хъуыддæгтæй кусджытæ ифтонг сты.Хуымæтæгыл дзы иунæг хъуыддаг дæр банымайæн нæй,алцыдæр хъæуы зæрдыл дарын. Александр Хоружий, главный начальник управления МЧС России по РСО-АЛАНИЯ: «Ахæм ахуыртæ аразæм мидхъуддæгты министрадимæ иумæ. Ацы хатт дзы бацархайæтой техникæйы 8 иугонды, æмæ 50 адæймаджы.Ахуырты рæстæг сæ размæ цы хæстæ сæвæрдтой,уыдон иууылдæр æххæстгонд æрцыдысты. Иумæ сæрæн æвнæлд кодтой.Бахъуаджы рæстæг зынг аххуыссын кæнын сæ къухы бафтдзæн,апарахат кæнын зынг нæ бауадздзысты». Заводы ссудзынæй тæссаг кæмæн у ахæмтæ фагæй фылдæр сты. Уымæ гæсгæ цæмæй фыдбылыз ма рцæуа,уый тыххæй ам ис дон кæм æрæмбырд кæнынц,ахæм сæрмагонд бæрцуæттæ.Куыстуаты зынгсирвæзтæй бахъахъхъæныны хъуыддагмæ куыд фæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц,уымæ гæсгæ кусын куы райдыдта, уæдæй нырмæ дзы иу егъау зынгсирвæзт йеддæмæ нæ уыд. Фæлæ уæд дæр кусджытæ сæрæнæй кæй февнæлдтой, уымæ гæсгæ йæ цыбыр рæстæгмæ сæ къухы бафтыд ахуыссын кæнын.Специалисттæ куыд зæгъынц,афтæмæй,ацы хатт дæр та ахуыртæ арæзт æрцыдысты куыд æмбæлы,афтæ. Кæронбæттæны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ скодтой хатдзæгтæ: заводы кусджытæ зынгсирвæзтæй æдасдзинады уагæвæрд хынцынц,уæдæ куыстуат дæр домæнтæн дзуапп дæтты.Уый кæй зæгъын æй хъæуы хорз у,уымæн æмæ ахæм куыстуæттæ зынгсирвæзт куы рцæуа, уæд йæ бон у стыр фыдбылызмæ асайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Куыд æмбæлы, афтæ!

Категория:

Новости и СМИ