Николаевскæйы скъола дæсгай азты дæргъы цалцæггонд нæ уыд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Рудзгуытæ ивинаг, пъолтæ æмæ къулты уындæй зæрдæ æрхæндæг кæны. Николаевскæйы станицæйы астæуккаг скъола дæсгай азты дæргъы цалцæггонд нæ уыд. Уыимæ Красногор æмæ Мустыздæхы хъæуты цы сабитæ ис, уыдонæн дæр сæ фылдæр цæуынц Николаевскæйы скъоламæ. Хъæуы цæрджытæн ныфс бавæрдтой, тагъд рæстæджы ахуыргæнæндон бындуронæй кæй сцалцæг кæндзысты, уымæй. Дæс азы размæ, скъолайы разамынд æмæ ахуырдзауты хъæппæрисæй зал цалцæггонд æрцыд. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Цæуылнæ? Базондзыстæм æй Къутæрты Аидæйы æрмæгæй. Михаил Судаков станица Николаевскæйы кусы 40 азæй фылдæр. Фыццаг уыд математикæйы ахуыргæнæг, чысыл фæстæдæр та сси директор. Ныртæккæ цы скъолайы кусы, ууыл ацы аз æххæст кæны 40 азы. Куыд нын радзырдта, афтæмæй ахуыргæнæндон заууат уавæрмæ æрцыд. Къултæ згъæлын райдыдтой, пъолты зыхъхъыртæ фæзынд, рудзгуытæ дæр сты ивинаг. Ацы скъолайы ахуыр кæнынц бирæ сывæллæттæ. Красногор æмæ Мустыздæхы хъæуты цы сабитæ ис, уыдонæн дæр сæ фыллдæр цæуынц ацы скъоламæ. Уыимæ хъæндзинæдтæ æмæ риссаг фарстатæ бирæ сты. Ахуыргæнæндоны дзуамæттæ ивыны бынат æмæ спортивон зал дæр хуыздæр уавæры не 'сты. Дæс азы размæ, скъолайы разамынд æмæ ахуырдзауты хъæппæрисæй зал цалцæггонд æрцыд. Фæлæ йæ уæхæдæг уынут, ныртæккæ спортивон зал цы уавæры ис, уый. Директоры куыд зæгъы, афтæмæй скъолайы кусджытæн ныфс бавæрдтой, тагъд рæстæджы йæ бындуронæй кæй сцалцæг кæндзысты, уый. Кæд сæ уавæртæ æмбæлгæ домæнтæн дзуапп нæ дæттынц, уæддæр разамынды хъæппæрисы фæрцы бæстон куыст цæуы скъолайы культурон æмæ социалон рæзты. Æрæджы сын Федералон программæ "Точка ростæ"-йы фæрцы рахай кодтой сæрмагонд аппаратурæ. Уым ис куыд медицинон, технологион æмæ хиирхæфсæн инфтонгæрзтæ. Ныр ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ æхсызгонæй архайынц, цæмæй сæ фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæна, ууыл. Николаевскайы станицæ кæдæриддæр уыд хъуыстгонд зындгонд адæмæй. Уæдæ хъæуы истори дæр у хъæздыг. Дыгуры районы ахуырады разамынды сæргълæууæг нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй ныры онг станицæйы цæры бирæ адæмыхæттытæ. Уый та, стыр ахъаз у рæзгæ фæлтæрæн. Станица Николаевскæйы разамынды уырны, тагъд сын сæ скъола кæй сцалцæг кæндзысты, уый. Къутæрыт Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Николаевскæйы скъола дæсгай азты дæргъы цалцæггонд нæ уыд

Категория:

Новости и СМИ