Уд сыгъдæггæнæн рæстæг
Абон пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйраг бæрæгбæттæй иу - Ураза-Байрам. Уый у комдарæны кæронбæттæн. Ураза бæрæг кæнынц 3 боны. Цæттæ дæр æм кæнынц куыд æмбæлы афтæ - сæ хæдзæрттæ ссыгдæг кæнынц, хæрзад хæринæгтæ скæнынц. Бæрæгбоныл, æнæмæнг, хъуамæ сæмбæлой рæсугъд уæлæдарæсы. Адæм кæрæдзимæ фæцæуынц уазæгуаты, феххуыс кæнынц фæкæсынхъуаг бинонтæн, рынчынтæн, зæрæдтæн. Алкæйдæр уырны, хорз хъуыддæгтæ куы кæна, уæд адæймаджы удыхъæд сыгъдæг кæй уыдзæн, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уд сыгъдæггæнæн рæстæг
Категория:
Новости и СМИ