Дзæуджыхъæуы сунниттаг мæзджыты сарæзтой бæрæгбоны ламаз
Дзæуджыхъæуы сунниттаг мæзджыты сарæзтой бæрæгбоны ламаз
Абон райсомы 8 сахатыл Сунниттаг мæзджыты сарæзтой бæрæгбоны ламаз. Уд сыгъдæггæнæн бæрæгбоны агъоммæ бирæтæ дардтой ком. Бæрæгбоны адæм æрбацыдысты мæзджытмæ æмæ сæхи, сæ бинонты бафæдзæхстой Хуыцау æмæ Йæ минæвар сыгъдæг Пехуымпар Мæхæмæтыл, фæкуывтой, фæтабу кодтой. Дарддæр та пысылмон диныл хæст адæм сæ хæдзæртты æмбырд кæндзысты бæрæгбонмӕ арæзт фынгты уæлхъус. Традицимæ гæсгæ, нывонд уæрыкк дæр акусарт кæнынц.