Электрон тыхæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, уыдоны ивар кæндзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Электрон хызæгтæй æнæзакъонæй дыккаг хатт чи спайда кæна, уыдоны 9-æм июньæй райдайдзысты карздæр æфхæрын. Ахæм хуызы электрон тыхæй фыццаг хатт чи пайда кæны, уыдоны ныхмæ ивартæ нæ аивдзысты. Уагхæлдтыты тыххæй хицæн адæймæгтæ фиддзысты ивар 10-æй 15 мин сомы онг. Юридикон организациты хицæутты та сæ дзыппытæй исын хъæудзæн 100 минæй 200 мин сомы онг. Фæлæ зæгъæм, закъонхалджытæ, нымайæн сæрмагонд гæрз кæй нæ бæрæг кæны, ахæм уæлæмхасæн телтæй дыккаг хатт спайда кодтой, уæд сæ дзыппытæ зынгæ рафтид уыдзысты. Хицæн адæймæгтæ бафидзысты 15-æй 30 мин сомы онг. Бæрнон бынаты чи кусы уыдоны та сæ куыстæй дыууæ азæй æртæ азы онг фæиппæрд уыдзысты, уыимæ ма ивар 80-йæ 200 мины онг дæр бафидзысты. Юридикон куыстуæттæй электрон тых давгæйæ дыккаг хатт кæй æрцахсой, уыдоны та ивар кæндзысты 200-йæ 300 мин сомы онг. Ацы хъуыддаджы тыххæй закъон фæкарздæр кæнын уыд Уæрæсейы хицауады хъæппæрис. Иварты руаджы фæнд кæнынц, закъон чи халы, уыдоны рохтыл æрхæцын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Электрон тыхæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, уыдоны ивар кæндзысты

Категория:

Новости и СМИ