Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хос «Прегабалин» чи пара

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хос «Прегабалин» чи парахат кодта, уыцы фыдгæнджыты къорд. Мидхъуыддæгты министрады наркотикты ныхмæ тох кæныны управленийы кусджытæ райстой оперативон хъусынгæнинаг, Дзæуджыхъæуы пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хос кæй парахат кæнынц, уый тыххæй. Наркотикты ныхмæ тох кæныны управленийы кусджытæ æмæ сæрмагонд дæлхайады кусджытæ бынатмæ атагъд кодтой. Слестгæнæн мадзæлтты рæстæг рабæрæг, хостæ йæ фатеры 29-аздзыд чызг кæй дардта. Закъонхалæгæн йæ фатеры рабæрæг ис «Лирикæ»-йы 70 блистеры. Æдæппæтæй 1000 таблеткæйы. Сæ уæз 500 граммы. Ацы фыдракæнд кæй рабæрæг, уый руаджы рахъæр сты æндæр закъонхæлдтытæ дæр. Афтæмæй горæты уынгтæй иуы æрцахстой дыууæ сылгоймаджы. 1978-æм æмæ 1990-æм азты гуырдтæ. Сгарæн-агурæн мадзæлтты рæстæг сæм сбæрæг кодтой тыхджын хос «Прегабалин». Пъæлицæйæгтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй хос фæнд кодтой республикæйы апарахт кæнын. Ныртæккæ ацы цауты фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддæгтæ. Гæнæн ис æмæ фыдгæнджытæ ахæстоны фæбадой 5 азы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хос «Прегабалин» чи пара

Категория:

Новости и СМИ