Нартхоры сæдæ гектарæй фылдæр хъыгдæрд баййæфтой Лескены тыхджын къæвдайы фæстæ
Нартхоры сæдæ гектарæй фылдæр хъыгдæрд баййæфтой Лескены тыхджын къæвдайы фæстæ. Уымæй уæлдай ма, дон ныппырх кодта Уæллаг Лескен æмæ Ташлы-Таламæ цæуæн фæндаг. Æвзæр боныхъæды аххосæй фæкъуылымпы бынæттон фермерон хæдзарады куыст дæр. Ахсджиаг объекттæ хъыгдæрд нæ баййæфтой. Уый тыххæй не сфæлдыстадон къордæн радзырдта хъæуы хицау Бетрозты Вячеслав. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, тыхджын къæвда Лескены æруарыд æндæрæбон, боны дыккаг æмбисы. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, донивылд æрцыд цæугæдон "Хæзна" кæй ратыдта, уый аххосæй. Иннæ хъуыдымæ гæсгæ — къæвдайы дон быдырты кæй æрæмбырд, уый тыххæй. Аххосæгтæ бæлвырдæй сбæрæг кæндзысты тагъд рæстæг.