Цæгат Ирыстоны тарифты фæдыл Службæйы регионалон разамонæджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг
Цæгат Ирыстоны тарифты фæдыл Службæйы регионалон разамонæджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Азымджын æй кæнынц, йӕ куысты бартӕй, цы 'мбӕлы, уымӕй фылдӕр кӕй спайда кодта ӕмӕ уымӕй стыр зиан кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй. Уый хъусын кæны Слестгæнæн комитеты управленийы пресс-службæ. Ныртæккæ хъуамæ æххæст кæна хæдзары бадыны фæтк. Хæстæгдæр рæстæг азымджынӕн фехъусын кӕндзысты йӕ ракӕнды аххос. Уголовон хъуыддаг дарддæр æххæстгонд цæудзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv