Бæрнон уагдæтты`хсæн координацион советы æмбырды та æрдзырдтой хъæбæр хауæццæгты фæдыл фиддонтæ бахх
Бæрнон уагдæтты`хсæн координацион советы æмбырды та æрдзырдтой хъæбæр хауæццæгты фæдыл фиддонтæ баххæст кæныныл. Ацы къабазы фарстатыл æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан æмæ хъæбæр хауæццæгты куыст чи кæны, уыцы службæты минæвæрттæ. Æмбырды сæрдариуæг кодта вице-премьер Фадзайты Æхсарбег. Бæрнон адæм æрдзырдтой регионалон операторты хæсыл. Уый та у 100 милуан сомæй фылдæр. Фыццаг къæпхæны регионалон оператор йæхимæ райста административон куыст, хауæццæгтæ ласыны хæс та бабар кодтой, раздæр ацы куыст районты чи æххæст кодта, уыдонæн. Уый руаджы куысты бынæттæй ничи фæиппæрд, фæлæ фиддонтæ хæссыны хъуыддаджы æмæ административон куысты разынд къуылымпыдзинæдтæ. Уавæр ма карздæр кæны, бадзырдты æмгъуыд регионалон оператор æмæ бынæттон оператортимæ афæдзы кæрон кæй фæуыдзæн, уый. Æмбырды кæронбæттæн уынаффæ рахастой, цæмæй регионалон оператор бацæттæ кæна хæсы реструктуризацийы сæрмагонд пълан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрнон уагдæтты`хсæн координацион советы æмбырды та æрдзырдтой хъæбæр хауæццæгты фæдыл фиддонтæ бахх
Категория:
Новости и СМИ