Фæрниаты Тамерлан сбæрæг кодта хæстон намысы цыртдзæвæнты уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан сбæрæг кодта хæстон намысы цыртдзæвæнты уавæр. Йемæ ма уыд фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан. Фыццаджыдæр бæрнон кусджытæ федтой Намысы Аллейы санитарон æмæ техникон уавæр. Ныртæккæ дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты амæттæгты номыл арæзт цæуы монументалон ансамбль. Фæзындзæн дзы цыртдзæвæн «Хъыггæнæг мад» æмæ дыууæ барельефы. Намысы Алейы ахæм проект уыдзæн фыццаг. Куыст ис бирæ, фæлæ 1-æм маймæ иууылдæр кæронмæ фæуыдзысты-фæнысан кодта Фæрниаты Тамерлан. Проекты автор, архитектор Козырты Русланы ныхæстæм гæсгæ, фидæны барельефтæн ныртæккæ фидар кæнынц сæ фундамент. Мемориалон комплексмæ чи цæуы, уыцы аллей суыдзæн «Сад победы» акцийы иу хай. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны майы кæронмæ фæнд кæнынц 89 мин 934 бæласы талайы ныссадзын. Уый тыххæй радзырдта республикæйы фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан. Хъæбатырты Аллейы дзы фæзындзæн 79 талайы, не мзæххонтæ - Советон Цæдисы хъæбатырты номыл. «Мах ныртæккæ стæм «Намысы аллея»-йы. Уым хъуамæ тагъд рæстæджы фæзына нæ райгуырæн бæстæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты амæттаг чи фæци, уыдоны номыл цыртдзæвæн. Проектмæ æрцыдис лæмбынæг цæстдард. Сæрмагондæй проекты райрæзты тыххæй дзырдтой ветерантимæ. Уæдæ йыл куыста совета сæрдар Къаболаты Солтан дæр. Подрячиккы сбæрæг кодтам. Арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуой 1 маймæ. 9 маймæ дæр рæджы кæнæн нæй. Цыртдзæвæн хъуамæ гом æрцæуа», - Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. «18 мартъийы хъуамæ райдайа акци «Сад памяти»-зæгъгæ. Сараздзысты йæ Фыдыбæстæйы Стыр Хæстмæ кæцæй ацыдысты, уыцы бынæтты. Уæдæ дзы хъуамæ ныссазой сæрмагондæй бæлæстæ. Сæ нымæцмæ гæсгæ уыдзысты уал бæласы, хæстмæ цал адæймаджы ацыд, уыййас. Фæлæ мах фæнды уымæй фылдæр ныссадзын», - фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæрниаты Тамерлан сбæрæг кодта хæстон намысы цыртдзæвæнты уавæр

Категория:

Новости и СМИ