Хъуырман
Пысылмон диныл хæст адæм абон бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу - Хъуырман. 20 мин адæймаджы Уæрæсейы 60 регионæй хадзы ацыдысты Саудаг Аравимæ. Иннæтæ æмбырд кæнынц бæрæгбоны ламаз кæнынмæ мæзджытты. Цæгат Кавказы пысылмон республикæты абон у фæлладуадзæн бон. Райсомæй бæрæгбоны ламаз скæнынмæ Сунниттаг мæзджытмæ æрæмбырд бирæ уырнæг адæм. Дунесфæлдисæгмæ скувынмæ æрбацыдысты, канд Дзæуджыхъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ ма уазджытæ дæр. Республикæйы æппæт пысылмон адæмæн арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй рухс бæрæгбон хъæуы сыгъдæг зæрдæимæ арвитын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, пысылмон æхсæнад стыр æвæрæн хæссы нæ республикæйы культурæ, уырнынад æмæ æгъдæуттæ фидар кæнынмæ, стæй иннæ регионты æхсæн сабырдзинад тауынмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ пысылмæттæн Хъуырман у рагон æмæ кадджын бæрæгбон. Вæййы пысылмон мæйы къæлиндары 12-æм мæйы 10-æм бон. Бæрæгбон ма амоны Меккæмæ хадзы кæрон дæр. Ламазы фæстæ пысылмæттæ аргæвдынц нывонд кусæрттæгтæ æмæ сын сæ дзидза хæйттæй байуарынц мæгуыртæн. Бæрæгбоны ламазтæ цыдысты республикæйы районты æппæт мæзджытты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъуырман
Категория:
Новости и СМИ