Сывæллæтты рæвдауæндæтты афæдзы кæронмæ фæзындзæн 1500 ног бынаты
Сывæллæтты рæвдауæндæтты афæдзы кæронмæ фæзындзæн 1 мин 500 ног бынаты. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 700 сывæллонæй фылдæр. Фарстайыл бакуыстой бындуронæй. Арæзт цæуынц ног рæвдауæндæттæ. Хорз уавæры чи ис уыцы хъомыладон объекттæ уæрæхдæр кæнынц уæлæмхасæн бæстыхæйтты фæрцы. Уый тыххæй хъусын кæны ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ. Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башаринæйы ныхæстæм гæсгæ, æдæппæтæй ацы азы кæронмæ нæ республикæйы рæвдауæндæтты фæзындзæн 2 525 ног уæлæмхасæн бынаты. Мæздæджы район фарста, зæгъæн ис, æмæ лыггонд æрцыд. Ацы аз уал Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы районы байгом 9 уæлæмхасæн бæстыхайы. Уый руаджы 495 сывæллоны рæвдауæндонмæ рады æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы. Хи къухты чи ис, ахæм сывæллæтты рæвдауæндонтæн республикон бюджетæй рахай кæндзысты 18 милуан æмæ 200 мин сомы бæрц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сывæллæтты рæвдауæндæтты афæдзы кæронмæ фæзындзæн 1500 ног бынаты
Категория:
Новости и СМИ