Национ парк Аланийы дарддæр йæ куыст кæны экологон лагерь
Архайынц дзы бархионтæ, æгас Уæрæсейæ. 10 чызджы æмæ лæппуйы ссыдысты Самарæйæ, Санкт-Петербургæй, Екатеринбургæй, Мæскуыйæ æмæ æндæр горæттæй. Æххуыс кæнынц парчы кусджытæн. Архайынц Хæххон Дыгуры, æхсæрдзæн Галаузмæ цы туристон маршрут аразынц, ууыл. Хъуамæ скæной сæрмагонд арт-объекттæ кæй хонынц, уыдон. Ныридæгæн бавнæлдтой фæндаг сыгъдæг кæнынмæ, стæй цæугæдæтты сæрты ахизынæн араздзысты хидтæ. Лагерь йæ куыст райдыдта 2-æм июлы. Фæуыдзæн 15-ы. Амидингæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм куыстæй уæлдай ма, бархионтæн цымыдисаг программæ бацæттæ кодтой. Йæ фæлгæты лагеры архайджытæн аразынц экскурситæ Национ парчы зындгонд бынæттыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ парк Аланийы дарддæр йæ куыст кæны экологон лагерь
Категория:
Новости и СМИ