Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ оркестрæн фæзынд ног хæдзар

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Кинотеатр «Родинæ» раздæр цы бынаты уыд, уый рацарæзт кæронмæ æрхæццæ. Абон æй кадджын уавæры байгом кодтой. Бæстыхай бирæ рæстæг уыд хицæн адæймæгты къухты. Республикæйы бæрны фæстæмæ куы бацыд, уæд æй сфæнд кодтой Гæздæнты Булаты оркестрæн раттын. Бирæ азты дæргъы оркестры музыканттæн æмбæлгæ уавæртæ нæ уыд. Ныр сын фæзынд райдзаст концертон зал. Кадджын мадзалы уыд нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ уын радзурдзæн нæ уацхæссæг, Хуасдзауты Алинæ. Ног азы агъоммæ Гæздæнты Булаты оркестрæн фæзынд хæдзар. Сабырдзинады проспектыл, раздæр кинотеатр «Родинæ»-йы бынаты. Абон æй, рацарæзты фæстæ, кадджын уавæры байгом кодтой. Æхсызгон хъуыддаджы фæдыл оркестрæн арфæйы ныхæстæ ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг, Битарты Вячеслав. Бирæ рæстæг бæстыхай уыд хицæн адæймæгты къухты. Республикæйы исбонад ногæй куы сси, уæд æй уынаффæ рахастой оркестрæн раттын. Афæдзы дæргъы бæстыхайы цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ баххæст кæнынæн фæрæзтæ сæмбырд кодтой республикæйы амалхъом адæмы руаджы. Ныртæккæ дзы ис гримеркæ, дзаумæттæ ивынæн хицæн уат, цалдæр кабинеты æмæ райдзаст концертон зал. Абон йæ сценæйæ фыццаг хатт айхъуысыдысты оркестры музыкæйы зæлтæ. Оркестрæн хъæздыг истори ис. Фæзынд 1943 азы. Уæд уыд радиойы оркестр. 52 азы йæ сæхгæдтой. Стæй, цалдæр азы фæстæ, ногæй кусын райдыдта. Уæдæй абонмæ нæ республиæйы культурæйы рæзтмæ хæссынц стыр æвæрæн. Къуылымпытимæ арæх æмбæлыди оркестр. Абон дзы ис 33 музыканты. Оркестрæн йæ репертуар бирæвæрсыг у. Ис дзы куыд классикон, афтæ ирон уацмыстæ дæр. Фидарæй сæ уырны, ног уавæрты æрмæстдæр хъæздыг кæй кæндзæни сæ репертуар, уый. Ис ма оркестры райхалинаг фарстатæ дæр. Кæмдæр инструменттæ нæ фаг кæны, кæм та- сценикон уæлæдарæс. Æнæмæнг сын дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæни республикæйы хицауад, уымæй зæрдæ бавæрдта Битарты Вячеслав. Фидæнмæ дæр Гæздæнты Булатмæ стыр пълæнттæ ис. Цæттæ кæны сывæллæттæн уацмыстæ. Фæнды йæ, Ирыстоны сабиты нæ национ культурæмæ æмхицдæр кæнын. Æмæ йæ къухы кæй бафтдзæни, уый нæ фидарæй уырны. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ оркестрæн фæзынд ног хæдзар

Категория:

Новости и СМИ