Дыгургомы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты кадæн сарæзтой бæхтыл дугъ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты хъæбатырты кадæн Æрæфы районы та сарæзтой бæхтыл дугъ. Ерыс кодтой Дыгургомы хæххон фæндæгтыл. Архайдтой дзы куыд фæлтæрдджын бæхылбадджытæ, афтæм хæдахуыртæ дæр. Алчидæр ерысты бацархайын банымадта йæ хæсыл. Ацы мадзалы амидингæнджытæ сты патриотон клуб Родинæ æмæ райны администраци. Бæхтыл дугъ фенынмæ æрбацыдысты кадджын уазджытæ дæр. Уый Æрæфы районы Стыр Ныхасы æмæ Ветеранты цæдисы минæврæттæ. Ерысты йæхи хуыздæр чи равдыста, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ дæр. Бацæттæ кодта æрмæг æмæ йæм бакæсут. Ацы фæндагыл Задæлескæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыдысты 500 адæймаджы. Уыдонæй, хъыгагæн, 300 фæстæмæ нал сыздæхтысты. Уыцы хъæбатырты кадæн Дыгургомы хъæуты цæрджытæ æрбамбырд сты дугъы ауайынмæ. Кæд хæххон фæндæгтыл дугъы кæнын æнцон хъуыддаг нæу, уæддæр дзы бацархайын алчидæр банымадта йæ хæсыл. Сæ фылдæр фæлтæрдджын бæхылбадджытæ сты. Дугъы фыццаг хатт нæ уайынц. Алкæмæдæр дзы ис йæхи сусæгдзинæдтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дыгургомы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты кадæн сарæзтой бæхтыл дугъ

Категория:

Новости и СМИ