Æрыдоны районы 14-аздзыд лæппутæ æмæ чызджытæн радтой паспорттæ
Конституцийы Боны агъоммæ Æрыдоны районы 14-аздзыд лæппутæ æмæ чызджытæн радтой паспорттæ. Райстой сæ Æрыдоны районы дæлбулкъон Хъæбæлоты Хъазыбег æмæ майор Гæуисты Фатимæйы къухтæй. Фыццаджыдæр, Гæуисты Фатимæ радзырдта, паспорт куыд фæзынд æмæ дзы цы хуызы пайда кæнын хъæуы. Бамбарын кодта, куыд ахсджиаг у Уæрæсейы сæйраг гæххæт райсын. Хъæбæлоты Хъазыбег дæр, скъоладзаутæн сæ фыццаг ахсджиаг гæххæт дæтгæйæ, арфæ ракодта. Паспорттæ уыдысты Уæрæсейы символикæимæ аив цъæртты мидæг. Уымæй уæлдай ма фæсивæд схорзæх кодтой Уæрæсейы Конституцийы текстимæ тетрæдтæй æмæ брошюрæтæй. Сæхи ’рдыгæй скъоладзаутæ зæрдæ бавæрдтой, Уæрæсейы гражданинты ном хæсгæйæ, канд бæстæйæн нæ, фæлæ республикæйæн дæр кад кæй кæндзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны районы 14-аздзыд лæппутæ æмæ чызджытæн радтой паспорттæ
Категория:
Новости и СМИ