Абон изæрæй Дзæуджыхъæы ацæудзысты боксæй ерыстæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Абон изæрæй Дзæуджыхъæы ацæудзысты боксæй ерыстæ. Ацы спорты хуызы райрæзтмæ абоны мадзал хæссы ахадгæ бавæрæн. Афтæ хъуыды кæнынц турниры аразджытæ. Интервьюйы нæ телеканалæн Уæрæсейы боксы Федерацийы минæвар Кокойты Таймураз æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Виталий куыд фæнысан кодтой, афтæмæй мадзал хъуамæ ацæуа бæрзонд æмвæзадыл. Республикæйы боксуарзджыты турнирæй разыйæ кæй баззайдзысты. Бирæ суинаг спортсменты ахæм ерыстæ разæнгард кæнынц æвæллайгæйæ хиуыл кусын, иннæтæ та фыццаг къахдзæфтæ акæнынц ацы спорты хуызы - фæбæрæг кодта Сланты Виталий. Бирæ æвзонг спортсментæ фыццаг хатт сæ тыхтæ бафæлвардзысты ахæм бæрзонд æмвæзадыл. Сæйраг тохмæ рацæудзысты уæрæсейаг Федор Чудинов æмæ Францийы минæвар Хассан Н’Жикам. Тох цæудзæн Боксерты Æппæтдунеон Ассоциацийы чемпионы титул райсыныл. Уæ зæрдыл ма уын лæууын кæнæм, мадзалы тыххæй Дзæуджыхъæуы Шмулевичы æмæ Пушкины номыл уынгты хæдтулгæтæн æрлæууæн бынæттæ кæй нæ уыдзæн, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон изæрæй Дзæуджыхъæы ацæудзысты боксæй ерыстæ

Категория:

Новости и СМИ