Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны тыххæй курдиат бадæттæн ис 1 æм февралы онг
Цæгат Ирыстоны ацы азы рауагъдонтæн хъусынгæнинаг. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны тыххæй курдиат бадæттæн ис 1-æм февралы онг. Ацы азы рауагъдонтæн Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайыны тыххæй курдиат бадæттын сæ бон у, цы ахуыргæнæндоны ахуыр кæнынц, уым. Ивгъуыд азы рауагъдонтæ та хъуамæ сæ курдиат бадæттой Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынæн сæрмагонд бынæтты. Снысан сæ кæнынц, ахуырады паддзахадон разамынд чи дæтты, уыцы регионалон оргæнтæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæны фæтк ныридæгæн у фидаргонд. Фенæн æй ис Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды службæ æмæ рухстауыны министрады сайты. Фæлварæн раттæн уыдзæнис æмгъуыдæй раздæр, сæйраг, стæй уæлæмхасæн бонты. Ацы азы рауагъдонтæ Иумæйаг падззахадон фæлварæн дæтдзысты сæйраг бонты. Ивгъуыд азты рауагъдонтæ та - æмгъуыдæй раздæр. Курдиаты фæбæрæг кæнын хъæуы, цы предметтæ дæттынмæ хъавы рауагъдон, уыдон. 1-æм февралы онг алчидæр хъуамæ сбæлвырд кæна, математикæ сæйраг æви профилон хуызы дæтты, уый. Уыимæ ма, курдиаты фæбæрæг кæнын хъæуы фæсарæйнаг æвзаджы фæлварæны дыууæ къæпхæны дæр. Дзургæ æмæ фыссгæ хай. Науæд, фæлварæны бæрæггæнтæ нымад не ‘рцæудзысты. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ фæлварæн раттыны бон ис аивæн æрмæстдæр ахсджиаг аххосаг, кæнæ æфсоны ныхмæ. Уый тыххæй та сæрмагонд курдиат бадæттын хъæуы нæ республикæйы паддзахадон фæлварæнты къамисмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны тыххæй курдиат бадæттæн ис 1 æм февралы онг
Категория:
Новости и СМИ